35 Уымӕн ӕмӕ Ӕз ӕрцыдтӕн, цӕмӕй „фырты йӕ фыдӕй, чызджы йӕ мадӕй, чындзы йе ’фсинӕй фӕхицӕн кӕнон:
Ратдзӕн ӕфсымӕр ӕфсымӕры ӕмӕ фыд хъӕбулы мӕлӕтмӕ, зӕнӕг рацӕудзӕн йӕ ныййарджыты ныхмӕ ӕмӕ сӕ марын кӕндзӕни.
Уӕд бирӕтӕ уырнындзинад ныууадздзысты, кӕрӕдзиуыл гадзрахатӕй цӕудзысты ӕмӕ кӕрӕдзийӕн ӕнӕуынон суындзысты.
Ӕфсымӕр ӕфсымӕры ратдзӕн мӕлӕтмӕ, фыд — йӕ хъӕбулты; цот рацӕудзысты сӕ ныййарджыты ныхмӕ ӕмӕ сӕ амардзысты.
Фыд уыдзӕни йӕ фырты ныхмӕ, фырт — йӕ фыды, мад — йӕ чызджы, чызг — йӕ мады, ӕфсин — йӕ чындзы, чындз — йе ’фсины ныхмӕ».
Ӕмӕ уыл суанг уӕ ныййарджытӕ, уе ’фсымӕртӕ, уӕ хӕстӕджытӕ ӕмӕ уӕ хӕлӕрттӕ дӕр гадзрахатӕй рацӕудзысты, кӕйдӕрты уӕ мӕлӕтмӕ дӕр ратдзысты.