34 Афтӕ ӕнхъӕл ма ут, ӕмӕ Ӕз зӕхмӕ фидыд ӕрхӕссынмӕ ӕрцыдтӕн. Ӕз Мемӕ фидыд нӕ, фӕлӕ цирхъ ӕрхастон.
О, мӕ ныййарӕг, додойаг фӕдӕн, кӕй мӕ ныййардтай, уый тыххӕй, быцӕу чи кӕны, ӕгас дунеимӕ загъд чи кӕны, уыцы адӕймаджы! Ӕз ӕфстау ӕхца никуы радтон ӕмӕ хӕс никуы райстон, фӕлӕ мӕ уӕддӕр алчидӕр ӕлгъиты.
Хуыцауы Дзырдӕн чи нӕ басаст, уыцы иудейӕгтӕ та сызмӕстой муртаттӕгты ӕмӕ сӕ сардыдтой ӕфсымӕрты ныхмӕ.
Сахары адӕм фӕдих сты: иутӕ иудейӕгты фарс уыдысты, иннӕтӕ та — апостолты.
[Павел афтӕ куы загъта, уӕд иудейӕгтӕ ацыдысты, кӕрӕдзиимӕ тынг быцӕу кӕнгӕйӕ.]
Ӕмӕ рацыд ӕндӕр, ӕртхуыз бӕх; йӕ барӕгӕн лӕвӕрд ӕрцыд зӕххӕй сабырад айсыны бар, цӕмӕй марой кӕрӕдзи; ӕмӕ йӕм радтой стыр цирхъ.