31 Уӕдӕ ма тӕрсут: сымах цыфӕнды бирӕ сырддонцъиутӕй дӕр зынаргъдӕр стут.
уӕд фӕзӕгъын: «Цы у адӕймаг, ӕмӕ Дӕ зӕрдыл лӕууа, цы у адӕймаджы фырт, ӕмӕ йыл Ды мӕт кӕнай?»
Акӕсут-ма уӕларвон мӕргътӕм: уыдон нӕдӕр таугӕ кӕнынц, нӕдӕр кӕрдгӕ, нӕдӕр хордӕтты хор ӕфснайынц, ӕмӕ сӕ уӕ Уӕларвон Фыд хӕссы. Сымах уыдонӕй бирӕ зынаргъдӕр не стут, ӕви?
Акӕсут-ма халӕттӕм: уыдон нӕдӕр тауынц, нӕдӕр кӕрдынц, нӕдӕр сын гонтӕ ӕмӕ хордӕттӕ ис, афтӕмӕй сӕ Хуыцау ӕфсады. Сымах та мӕргътӕй цас зынаргъдӕр стут!