29 Дыууӕ сырддонцъиуы иу ассарийыл нӕ уӕй кӕнынц, ӕви? Фӕлӕ дзы уӕ Фыды ӕвастӕй иу дӕр зӕхмӕ не ’рхаудзӕни.
Ӕцӕг цы у, уый дын зӕгъын: цы дарыс, уый цалынмӕ фӕстаг кодранты онг бафидай, уӕдмӕ уырдыгӕй нӕ рацӕудзынӕ.
Акӕсут-ма уӕларвон мӕргътӕм: уыдон нӕдӕр таугӕ кӕнынц, нӕдӕр кӕрдгӕ, нӕдӕр хордӕтты хор ӕфснайынц, ӕмӕ сӕ уӕ Уӕларвон Фыд хӕссы. Сымах уыдонӕй бирӕ зынаргъдӕр не стут, ӕви?
Иу мӕгуыр идӕдз ус бацыд ӕмӕ дзы дыууӕ лептӕйы — иу кодрант — нывӕрдта.