28 Ма тӕрсут, буар чи мары, фӕлӕ уд амарын кӕй бон нӕу, уыдонӕй. Тӕрсут, уд дӕр ӕмӕ буар дӕр зындоны фесафын Кӕй бон у, Уымӕй.
Кад кӕнут ӕрмӕстдӕр Дунедарӕгӕн, уӕ Хуыцауӕн, ӕмӕ уӕ Уый алы фыдгулы къухӕй дӕр фервӕзын кӕндзӕн».
Уымӕ гӕсгӕ, йӕхи зондджын чи хоны, уыдон Дзы иууылдӕр тӕрсӕнт, уӕлзонд кӕмӕ ис, уыдон иууылдӕр ризӕнт Йӕ разы!»
Кӕцыфӕнды бӕстӕйы дӕр мӕгуыр лӕджы ’фхӕрдӕн, рӕстдзинад ӕмӕ раст тӕрхон ссӕст кӕй цӕуынц, уымӕн ӕвдисӕн куы суай, уӕд-иу ма бадис кӕн. Алы хицауӕн дӕр ис уӕлдӕр хицау, сӕ дыууӕйы сӕрмӕ та — ноджы стырдӕр.
«Ӕз, Ӕз Мӕхӕдӕг куы дӕн уӕ Ныфс, уӕд цӕмӕй тӕрсут адӕймагӕй, уый мӕлӕты фос куы у, тихалӕгӕй уӕлдай куы ницы у?
Ӕрбайхъусут Мӕм, Мӕ рӕстдзинад Мын чи зоны, Ме ’гъдау йӕ зӕрдӕйы фыст кӕмӕн у, уыдон! Искӕй фидистӕй ма тӕрсут, искӕй ӕлгъыстытӕ уыл тас ма ’фтауӕнт!
Ӕз Мӕхи къухӕй сфӕлдыстон алцы, афтӕмӕй фӕзындысты ӕппӕт уыдӕттӕ! — зӕгъы Дунедарӕг. — Састзӕрдӕ ӕмӕ сӕрныллӕг, Мӕ ныхасмӕ тӕрсгӕ-ризгӕйӕ чи хъусы, уый Мын у адджын.
Ау, хъуамӕ сымах ма тӕрсат Мӕнӕй? — зӕгъы Дунедарӕг. — Ау, фыр тӕссӕй Мӕ разы хъуамӕ ма ризат? Ӕз денджызӕн змисӕй скодтон ӕнусон арӕн, ӕмӕ денджызӕн нӕй ахизӕн йӕ сӕрты. Ныййарц вӕййынц уылӕнтӕ, фӕлӕ сӕ бон нӕу арӕныл фӕуӕлахиз уӕвын, сабухынц, фӕлӕ арӕны сӕрты сӕ бон ахизын нӕу.
Уӕдӕ ма тӕрсут уе ’фхӕрджытӕй. Уымӕн ӕмӕ афтӕ бамбӕхсӕн ницы ис, ӕмӕ ма раргом уа, ахӕм сусӕгдзинад нӕй, ӕмӕ ма рахъӕр уа.
Ӕмӕ уыдон ацӕудзысты ӕнусмӕ хъизӕмар кӕнынмӕ, рӕстудтӕ та — ӕнусон цардмӕ».
Ӕз та уын зӕгъын: суанг йе ’фсымӕрмӕ йӕ зӕрдӕйы маст чи хӕссы, уый дӕр дзуапп дӕтдзӕни тӕрхоны раз; йе ’фсымӕрӕн, «ницӕйаг дӕ», зӕгъгӕ, чи зӕгъа, уый дзуапп дӕтдзӕни синедрионы раз; «ӕнӕзонд» ӕй чи рахона, уымӕ та ӕнхъӕлмӕ кӕсы зындоны арт.
ӕмӕ хӕрзгӕнджытӕ райгас уыдзысты цӕрынӕн, фыдгӕнджытӕ та — ӕфхӕрд баййафынӕн.
Фӕлӕ Павел дзуапп радта: «Уый цытӕ кӕнут? Уӕ кӕуынӕй мын мӕ зӕрдӕ цӕмӕн риссын кӕнут? Ӕз цӕттӕ дӕн ӕрмӕст ахӕстоны сбадынмӕ нӕ, фӕлӕ Бардарӕг Йесойы номы сӕраппонд Йерусалимы амӕлынмӕ дӕр».
Тӕссаг у цардӕгас Хуыцауы къухтӕм бахауын!
Сылгоймӕгтӕ-иу сӕ мӕрдты удӕгасӕй райстой. Иннӕты-иу амардӕуыд хъизӕмары мӕлӕтӕй — уыдоны сӕрибар райсын нӕ бафӕндыд, цӕмӕй хуыздӕр цардӕн райгас уой.
Ӕгъдауӕвӕрӕг ӕмӕ Тӕрхонгӕнӕг ис ӕрмӕстдӕр иу, Йӕ бон у фервӕзын кӕнын дӕр ӕмӕ фесафын дӕр. Ды та чи дӕ, ӕмӕ хионӕн тӕрхон кӕнай?
Фӕлӕ кӕд Хуыцауӕн фӕндон хъуыддӕгты тыххӕй тухӕн ӕвзарут, уӕд тӕхудиаг стут; уе ’фхӕрджытӕ уӕ цӕмӕй тӕрсын кӕнынц, уымӕй та ма тӕрсут ӕмӕ ма тыхсут.
Цы хъизӕмӕрттӕ ӕвзарын дӕ бахъӕудзӕн, уыдонӕй ма тӕрс. Уӕ бафӕлварыны тыххӕй хӕйрӕг сымахӕй кӕйдӕрты баппардзӕн ахӕстоны, ӕмӕ уӕ хъизӕмар ахӕсдзӕни дӕс боны. Мӕлын дӕ куы бахъӕуа, уӕд дӕр-иу баззай иузӕрдионӕй, ӕмӕ дын Ӕз ратдзынӕн хӕрзиуӕг — мыггагмӕйы цард.