27 Талынджы уын цы дзурын, уый зӕгъут боны рухсмӕ, ӕмӕ уын уӕ хъусы сусӕгӕй цы бадзырдӕуа, уый хъусын кӕнут уӕлхӕдзӕрттӕй.
Рагуац Цӕстылуайӕнты дӕлвӕзы тыххӕй. Дӕ цӕрджытӕ уӕлхӕдзӕрттӕм цы схызтысты?
Уӕлхӕдзар кӕй ӕрӕййафа, уый уырдыгӕй ма ӕрхизӕд йӕ хӕдзарӕй исты рахӕссынмӕ.
Уымӕ гӕсгӕ, талынджы цы загътат, уый айхъуысдзӕни бонрухсы; сусӕгӕй искӕй хъусы цы бадзырдтат, уый хъӕрӕй фехъусын кӕндзысты уӕлхӕдзӕрттӕй.
Йесо сын загъта: «Сымахӕн Хуыцауӕй лӕвӕрд у Хуыцауы Паддзахады сусӕгдзинӕдтӕ зонын, фӕлӕ иннӕтӕн уыцы фӕсномыг ныхӕсты баззадысты ӕмбӕхстӕй, уымӕн ӕмӕ „уыдон цӕстӕй кӕсынц, фӕлӕ нӕ уынынц, хъусӕй хъусынц, фӕлӕ не ’мбарынц“.
Ӕз уын адӕттӕ уымӕн загътон, цӕмӕй ма фӕтасат.
Ӕцӕгады Уд куы ’рцӕуа, уӕд уын ӕцӕгад раргом кӕндзӕн ӕххӕстӕй. Уымӕн ӕмӕ Йӕхи номӕй нӕ дзурдзӕн, фӕлӕ, цы фехъуса, уый дзурдзӕни ӕмӕ уын, фидӕны цы уыдзӕн, уый фехъусын кӕндзӕн.
Ӕз уын ныронг ӕмбисӕндтӕй дзырдтон. Фӕлӕ афон куы ’рцӕуа, уӕд уын Ӕз фӕсномыгӕй нал дзурдзынӕн, фӕлӕ уын ӕргомӕй Фыды тыххӕй зӕгъдзынӕн.
Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ Йын загътой: «Ныртӕккӕ Ды немӕ дзурыс ӕргомӕй, ӕнӕ фӕсномыг ныхасӕй.
Павел синагогӕйы ныхас кодта иудейӕгтимӕ ӕмӕ Хуыцауы нымайӕг бердзенӕгтимӕ, стӕй, Павелыл ӕрвылбон сахары фӕзы чи ӕмбӕлд, уыдонимӕ.
«Ацӕут Кувӕндонмӕ ӕмӕ адӕмӕн ног царды тыххӕй алцыдӕр дзурут».
«Мах уын фидарӕй нӕ загътам, уыцы Адӕймаджы номӕй адӕмы мауал ахуыр кӕнут, зӕгъгӕ? Сымах та ӕгас Йерусалимы ахӕлиу кодтат уӕ ахуырад. Уыимӕ ма Йын Йӕ мӕлӕт дӕр хъуамӕ мах ӕфсон фӕкӕнат».
Махмӕ ис ахӕм ныфс ӕмӕ архайӕм ӕргом, ӕдӕрсгӕ;