Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Матфей 10:24 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

24 Ахуыргӕнинаг йӕ ахуыргӕнӕгӕй уӕлдӕр нӕу, цагъар — йӕ хицауӕй.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Матфей 10:24
6 Iomraidhean Croise  

Уриа йын дзуапп радта: «Фидыды Чырын, стӕй Израил ӕмӕ Иудӕйы ӕфсад цатырты куы сты, мӕ хицау Йоав ӕмӕ мӕ паддзахы хӕстонтӕ тыгъд быдыры рӕсӕнуаты куы бадынц, уӕд ӕз мӕ хӕдзармӕ куыд бацӕуон, куыд хӕрон ӕмӕ куыд нуазон ӕмӕ мӕ усы фарсмӕ куыд хуыссон? Сомы кӕнын Хуыцауӕй ӕмӕ дӕуӕй, ӕз уый нӕ бакӕндзынӕн».


Ахуыргӕнинаг йӕ ахуыргӕнӕджы хуызӕн куы суа, уӕд ын уый ӕгъгъӕд у. Цагъар дӕр йӕ хицауы хуызӕн куы суа, уӕд уымӕн дӕр ӕгъгъӕд у. Хӕдзары хицауы Веелзевул куы хоной, уӕд ын йӕ хӕдзаронты ноджы цыфыддӕртӕ не схондзысты, ӕви?


Ахуыргӕнинаг йӕ ахуыргӕнӕгӕй уӕлдӕр нӕу; фӕлӕ йӕ ахуыр кӕронмӕ чи фӕуа, уый суыдзӕнис йӕ ахуыргӕнӕджы хуызӕн.


Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: цагъар йӕ хицауӕй уӕлдӕр нӕу, стӕй минӕвар дӕр йӕ рарвитӕгӕй уӕлдӕр нӕу.


Ӕз уын кӕй загътон, уыцы ныхас уӕ зӕрдыл дарут: „Цагъар йӕ хицауӕй уӕлдӕр нӕу“. Кӕд Мӕн ӕфхӕрдтой, уӕд сымах дӕр ӕфхӕрдзысты. Кӕд Мӕ ныхасмӕ хъуыстой, уӕд уӕ ныхасмӕ дӕр хъусдзысты.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan