23 Иу сахары уӕ куы ӕфхӕрой, уӕд-иу лидзут иннӕмӕ. Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: Израилы сахартыл зылд нӕма фӕуыдзыстут, афтӕ Адӕймаджы Фырт ӕрцӕудзӕн.
Паддзах Иоаким, йе ’фсӕддонтӕ ӕмӕ йӕ уӕздӕттӕ пехуымпар Уриайы ныхӕстӕ куы фехъуыстой, уӕд ӕй марынвӕнд скодтой. Уриа уый куы базыдта, уӕд фӕтарст, ӕмӕ Мысырмӕ алыгъди.
Уымӕн ӕмӕ Адӕймаджы Фырт ӕрцӕудзӕни Йӕ Фыды кадимӕ, Йӕ зӕдтимӕ, ӕмӕ алкӕмӕн дӕр йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ ратдзӕни.
Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: ам чи лӕууы, уыдонӕй иуӕй-иутӕ сӕ удӕгасӕй фендзысты Адӕймаджы Фырты паддзахы бартимӕ ӕрцӕугӕ».
Уыдон куы ацыдысты, уӕд Хуыцауы зӕд Йосифмӕ фыны раргом ис ӕмӕ йын загъта: «Сыст уӕлӕмӕ, Сывӕллоны Йӕ мадимӕ демӕ акӕн ӕмӕ лидзгӕ кӕн Мысырмӕ. Цалынмӕ дын зӕгъон, уӕдмӕ-иу уым лӕуу, уымӕн ӕмӕ Иродӕн йӕ зӕрды ис Сывӕллоны ссарын ӕмӕ Йӕ амарын».
Ӕрбайхъусут-ма! Мӕнӕ уӕм Ӕз ӕрвитын пехуымпарты, куырыхон адӕймӕгты ӕмӕ динамонджыты, ӕмӕ дзы сымах иуты амардзыстут ӕмӕ байтындздзыстут, иннӕты уӕ синагогӕты ехсӕй нӕмдзыстут ӕмӕ сӕ иу сахарӕй иннӕмӕ тӕрдзыстут.
Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын, ӕппӕт уыцы фыдракӕндты тыххӕй ацы фӕлтӕр баййафдзӕн ӕфхӕрд.
Уымӕн ӕмӕ, арвӕрттывд скӕсӕнӕй суанг ныгуылӕнмӕ куыд фӕзыны, афтӕ уыдзӕн Адӕймаджы Фырты ӕрцыд дӕр.
Уӕд арвыл фӕзындзӕн Адӕймаджы Фырты ӕвдисӕйнаг. Зӕххон адӕмтӕ иууылдӕр ныккӕудзысты ӕмӕ „Адӕймаджы Фырты фендзысты стыр хъомыс ӕмӕ кадимӕ ӕврӕгътыл ӕрцӕйцӕугӕ“.
Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: ацы фӕлтӕр нӕма аивгъуыйдзӕн, афтӕмӕй ӕппӕт уыдӕттӕ ӕрцӕудзысты.
Фӕлӕ уыцы цагъар фыдзӕрдӕ куы уа ӕмӕ хинымӕр афтӕ куы зӕгъа, мӕ хицау нырма рӕхджы не ’рцӕудзӕни, зӕгъгӕ,
Уӕдӕ ӕдзухдӕр уӕхи цӕттӕ дарут, уымӕн ӕмӕ нӕ зонут нӕдӕр уыцы бон, нӕдӕр уыцы сахат [Адӕймаджы Фырт кӕд ӕрцӕудзӕни].
Йесо йын дзуапп радта: «Дӕхӕдӕг ӕй куы зӕгъыс. Фӕлӕ уын зӕгъын: нырӕй фӕстӕмӕ „Адӕймаджы Фырты уындзыстут Ӕппӕтхъомысы рахизфарс бадгӕ ӕмӕ ӕрвон ӕврӕгътыл ӕрцӕйцӕугӕ“».
Иоанны ӕрцахстой, уый фехъусгӕйӕ, Йесо фӕстӕмӕ Галилеймӕ аздӕхти.
Уӕд „Адӕймаджы Фырты фендзысты стыр хъомыс ӕмӕ кадимӕ ӕврӕгътыл ӕрцӕйцӕугӕ“.
Зӕгъын уын, рӕхджы сын баххуыс кӕндзӕн. Фӕлӕ Адӕймаджы Фырт куы ’рцӕуа, уӕд ма зӕххыл уырнындзинад ссардзӕни, цымӕ?»
Ӕмӕ уӕд „Адӕймаджы Фырты хъомыс ӕмӕ стыр кадимӕ фендзысты ӕврагъыл ӕрцӕйцӕугӕ“.
Уый фӕстӕ Йесо зылди Галилейыл, Иудейыл та Йӕ нӕ фӕндыди цӕуын, уымӕн ӕмӕ Йӕ иудейӕгтӕ хъавыдысты амарынмӕ.
Ӕфсымӕртӕ Павел ӕмӕ Силӕйы ӕхсӕвы ӕвӕстиатӕй арвыстой Веримӕ. Уырдӕм куы бахӕццӕ сты, уӕд бацыдысты иудейаг синагогӕмӕ.
Уӕд ӕфсымӕртӕ Павелы ӕвӕстиатӕй арвыстой денджызмӕ, Силӕ ӕмӕ Тимофей та уым баззадысты.
Змӕст куы ӕрсабыр ис, уӕд Павел ахуыргӕнинӕгты ӕрӕмбырд кодта ӕмӕ сӕ ныфс бауагъта, хӕрзбон сын загъта ӕмӕ араст Македонимӕ.
Стефаны кӕй амардтой, уый Савл растыл нымадта. Уыцы бонӕй фӕстӕмӕ Йерусалимы аргъуаны уӕнгты тынг ӕфхӕрын райдыдтой, ӕмӕ, апостолтӕй фӕстӕмӕ, се ’ппӕт дӕр ныххӕлиу сты Иудей ӕмӕ Самарийы алы къуымты.