Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Матфей 10:18 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

18 Мӕн тыххӕй уӕ хицӕуттӕм ӕмӕ паддзӕхтӕм кӕндзысты, цӕмӕй Мын уыдон ӕмӕ муртаттӕгты раз уат ӕвдисӕнтӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Матфей 10:18
15 Iomraidhean Croise  

Уӕхи хъахъхъӕнут адӕмӕй: уыдон уӕ тӕрхондӕттӕм дӕтдзысты, сӕ синагогӕты уӕ ехсӕй нӕмдзысты.


Куы уӕ ӕрцахсой, уӕд-иу, куыд кӕнӕ цы зӕгъын хъӕуы, ууыл ма тыхсут — цы зӕгъын хъӕуы, уый уын уайсахат рардӕуыдзӕн.


Йесо йын загъта: «Хъусыс, ацы хабар макӕмӕн радзур, фӕлӕ ацу, дӕхи фенын кӕн сауджынӕн ӕмӕ, Моисей куыд бафӕдзӕхста, афтӕ ӕрхӕсс нывонд — кӕй сдзӕбӕх дӕ, уымӕн ӕвдисӕйнагӕн».


Фӕлӕ сымах уӕхи цӕттӕ дарут: синагогӕты уын тӕрхон кӕндзысты ӕмӕ уӕ уым нӕмдзысты; ӕвдисӕн Мын лӕудзыстут хицӕуттӕ ӕмӕ паддзӕхты раз.


Уӕдӕ нӕ Бардарӕджы тыххӕй ӕргомӕй кӕй дзурыс, уый ӕфсӕрмиагыл ма нымай, стӕй, ӕз Йӕ сӕраппонд ахӕстоны кӕй дӕн, уый дӕр. Фӕлӕ Хуыцауы хъаруйӕ ныфсджынӕй мемӕ иумӕ тухӕн кӕн Фарны Уацы сӕраппонд.


Йесойы тыххӕй уемӕ фӕразонӕй тухӕнтӕ чи ӕвзары, сымахимӕ Йӕ Паддзахады хай чи райсдзӕн, ӕз уӕ уыцы ӕфсымӕр Иоанн дӕн. Хуыцауы ныхас кӕй амыдтон ӕмӕ Йесойӕн ӕвдисӕн кӕй лӕууыдтӕн, уый тыххӕй ӕз хаст уыдтӕн, Патмос кӕй хонынц, уыцы сакъадахмӕ.


Се ’вдисӕнад куы фӕуой, уӕд семӕ стох кӕндзӕн дӕлдзӕхӕй рацӕуӕг сырд, фӕтых сыл уыдзӕн ӕмӕ сӕ амардзӕн.


Уӕрыкк фӕндзӕм мыхуыр куы асаста, уӕд нывондхӕссӕны бын федтон, Хуыцауы ныхасы тыххӕй ӕмӕ се ’вдисӕнады тыххӕй кӕй амардӕуыд, уыдоны удтӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan