16 Ӕз уӕ ӕрвитын, фысты бирӕгъты ӕхсӕнмӕ куыд ӕрвитай, уыйау. Уӕдӕ кӕлмытау ут зондджын ӕмӕ бӕлонау ут ӕнӕхин.
Дунедарӕг Хуыцау кӕй рафӕлдыста, уыцы зӕххон цӕрӕгойты ’хсӕн калмӕй хиндӕр ӕмӕ кӕлӕндӕр нӕ уыд. Ӕмӕ уый сылгоймаджы бафарста: «Ӕцӕг уын загъта Хуыцау, дыргъдоны цы бӕлӕстӕ ис, уыдонӕй макӕцыйы дыргътӕй фӕхъӕстӕ ут, зӕгъгӕ?»
Дунедарӕг Хуыцау сылгоймаджы бафарста: «Уый цы бакуыстай?» Сылгоймаг загъта: «Калм мӕ фӕрӕдийын кодта, ӕмӕ дзы уымӕн бахордтон».
Уӕд ӕз, систӕ ӕрдӕгамад кӕм уыдысты, уымыты адӕмы ӕрлӕууын кодтон мыггаггай, цирхъытӕ, ӕрцытӕ ӕмӕ ӕрдынтимӕ.
Ахикамы фырт Гедалиа Кареахы фырт Йохананӕн дзуапп радта: «Ма бакӕн уый! Мӕнг зӕгъыс Измаелы тыххӕй».
Ефрем ӕдылы ӕхсинӕгӕй уӕлдай нӕу: куы Мысырмӕ сиды, куы та Ассиримӕ фӕцӕйцӕуы.
Ӕз уӕ уыдӕтты тыххӕй уӕ рагацау фӕдзӕхсын.
Чи у уыцы иузӕрдион ӕмӕ зондджын цагъар, йӕ хицау йӕ хӕдзаронты кӕй бар бакӕндзӕн ӕмӕ сын афоныл хӕринаг дӕттыны хӕс кӕуыл сӕвӕрдзӕн?
Уыдонӕй фондз зондджынтӕ уыдысты, фондз та — ӕнӕзӕндтӕ.
Зондджынтӕ та сӕ цырӕгътимӕ сойы дурынтӕ дӕр рахастой.
Зондджынтӕ сын дзуапп радтой: „Цӕмӕй нӕ дыууӕтӕ дӕр сойхъуагӕй ма баззайӕм, уый тыххӕй фӕлтау уӕйгӕнджытӕм ауайут ӕмӕ балхӕнут уӕхицӕн“.
Цӕугӕут! Мӕнӕ уӕ Ӕз уӕрыччытау бирӕгъты ’хсӕнмӕ ӕрвитын.
Уымӕн ӕмӕ уын Ӕз ахӕм ӕвзаг ӕмӕ куырыхон зонд ратдзынӕн, уе знӕгтӕ ӕмбырдӕй уӕ ныхмӕ фӕлӕууын дӕр ӕмӕ уӕм сдзурын дӕр куыд нӕ бафӕразой.
Ӕз зонын, мӕ фӕстӕ уӕм кӕй бацӕудзысты, дзугыл чи нӕ ауӕрддзӕн, ахӕм тугдзых бирӕгътӕ.
Ӕфсымӕртӕ, зондӕй сывӕллӕттӕ ма ут. Фыдбылыз саразынмӕ ут сабитӕ, зондӕй та — хъомылтӕ.
Нӕхицӕй мӕнӕ цӕмӕйты хъал стӕм: зӕххыл мах, уӕлдайдӕр та сымахимӕ абаргӕйӕ, цӕрӕм, Хуыцауӕн фӕндон куыд уа, афтӕ — хӕдӕфсарм ӕмӕ ӕнӕхинӕй; адӕймаджы зондмӕ гӕсгӕ нӕ, фӕлӕ Хуыцауы хорзӕхмӕ гӕсгӕ. Уымӕн нӕ зӕрдӕ — не ’вдисӕн.
Уым диссагӕй ницы ис: сайтан дӕр йӕхи равдисы рухсы зӕдӕй.
Фӕлӕ уын ӕз тӕрсын, калм Евӕйыл хинӕй куыд рацыд, афтӕ сымахӕн дӕр уӕ зонд зыгъуыммӕгонд куы ’рцӕуа, ӕмӕ Чырыстийы сыгъдӕг ӕмӕ иузӕрдион уарзтӕй куы адард уа.
Уый тыххӕй сӕ ӕрвитӕм, ӕмӕ нын не ’вджид кӕй бакодтой, уыцы ӕххуыс егъау у, ӕмӕ нӕхи хизӕм, цӕмӕй нӕ мачи базылын кӕна.
цӕмӕй уат Хуыцауы ӕнаипп, сыгъдӕг ӕмӕ ӕнӕфау хъӕбултӕ ацы ӕнӕуаг ӕмӕ хӕлд адӕмы ’хсӕн. Арвыл цы стъалытӕ ферттивы, сымах ахӕм стъалытау стут се ’хсӕн,
Уымӕ гӕсгӕ, уый цы бон фехъуыстам, уӕдӕй фӕстӕмӕ уын мах дӕр иудадзыг кувӕм ӕмӕ лӕгъстӕ кӕнӕм Хуыцауӕн, цӕмӕй уын Уый Йӕ фӕндон базонын кӕна, уӕлзонд ӕмӕ уын монон ӕмбарынад ратта.
Ӕнӕуырнджытимӕ уӕхи дарут зондджынӕй, алы фадатӕй дӕр пайда кӕнгӕйӕ.
Ӕвдисӕнтӕ уӕхӕдӕг ӕмӕ Хуыцау: сымахмӕ, уырнджытӕм, цардыстӕм сыгъдӕгӕй, рӕстзӕрдӕйӕ ӕмӕ ӕнӕфауӕй.
Уӕхи хизут алы ӕвзӕр хъуыддагӕй дӕр.