Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Матфей 10:1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Йесо фӕсидти Йӕ дыууадӕс ахуыргӕнинагмӕ ӕмӕ сын радта тых, цӕмӕй сӕ бар цӕуа ӕнӕзӕгъинӕгтыл ӕмӕ сӕ адӕмӕй сурой, дзӕбӕх кӕной ӕппӕт рынчынты ӕмӕ нӕфӕразгӕты.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Матфей 10:1
26 Iomraidhean Croise  

Йесо сын дзуапп радта: «Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: Адӕймаджы Фырт ног дунейы Йӕ кадджын паддзахы бадӕны куы ӕрбада, уӕд сымах дӕр, Мӕ фӕдыл рацӕуджытӕ, дыууадӕс бадӕныл ӕрбаддзыстут ӕмӕ Израилы дыууадӕс хӕдзарвӕндагӕн тӕрхон кӕндзыстут.


Куы баизӕр ис, уӕд Йесо Йӕ дыууадӕс ахуыргӕнинагимӕ ӕрбадти фынджы уӕлхъус.


Йесо Йӕ ныхас нӕма фӕци, афтӕ фӕзындис Иудӕ, дыууадӕс ахуыргӕнинагӕй иу. Алчертӕ ӕмӕ йын адӕмы хистӕртӕ йемӕ рарвыстой бирӕ адӕм кӕрдтӕ ӕмӕ хъилтимӕ.


Йесо зылдис ӕгас Галилейыл, адӕмӕн амыдта синагогӕты, хъусын сын кодта Фарны Уац Уӕларвон Паддзахады тыххӕй, дзӕбӕх кодта рынчынтӕ ӕмӕ нӕфӕразгӕты иууылдӕр.


Ма нӕ бафтау фыдӕвзарӕны, фӕлӕ нӕ бахиз сайтанӕй. Уымӕн ӕмӕ Паддзахад, тых ӕмӕ кад Дӕу сты мыггагмӕ. Аммен.


Йесо зылди ӕппӕт сахартӕ ӕмӕ хъӕутыл, адӕмӕн амыдта синагогӕты, хъусын кодта Фарны Уац Уӕларвон Паддзахады тыххӕй, рынчынтӕ ӕмӕ нӕфӕразгӕты иууылдӕр дзӕбӕх кодта.


Уӕдӕ курут хуымы Хицауӕй, цӕмӕй Йӕ хуыммӕ кусджытӕ рарвита».


Ӕз уын радтон калм ӕмӕ къӕдздымы уӕ къӕхты бын ссӕндыны, стӕй знаджы ӕппӕт тыхтыл уӕлахиз кӕныны хъомыс, ӕмӕ уын знаггад ницы ракӕндзӕн.


Уымӕн ӕмӕ уын Ӕз ахӕм ӕвзаг ӕмӕ куырыхон зонд ратдзынӕн, уе знӕгтӕ ӕмбырдӕй уӕ ныхмӕ фӕлӕууын дӕр ӕмӕ уӕм сдзурын дӕр куыд нӕ бафӕразой.


Ӕз уын рарвитдзынӕн, Мӕ Фыд уын зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый. Ӕмӕ уал ацы сахары баззайут, цалынмӕ уӕларвон тыхӕй не схайджын уат, уӕдмӕ».


Куы ӕрбабон ис, уӕд фӕдзырдта Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм, равзӕрста дзы дыууадӕсы ӕмӕ сӕ схуыдта апостолтӕ:


Уымӕн ӕмӕ Йын Ды алы адӕймаджы дӕр бакодтай Йӕ бар, цӕмӕй дзы алкӕмӕн дӕр мыггагмӕйы цард ратта.


Иоанн сын дзуапп радта: «Адӕймагӕн йӕ бон аразын ницы у, уӕларвӕй йын лӕвӕрд куынӕ уа, уӕд.


Фыд уарзы Фырты ӕмӕ Йын ӕппӕт дӕр радта Йӕ къухмӕ.


Йесо сын загъта: «Уӕ дыууадӕсы дӕр Ӕз нӕ равзӕрстон, ӕви? Фӕлӕ уӕ иу хӕйрӕг у».


Фӕлӕ Сыгъдӕг Удӕй куы схайджын уат, уӕд уӕм фӕзындзӕни тых, ӕмӕ Мын ӕвдисӕнтӕ уыдзыстут Йерусалимы ӕмӕ ӕгас Иудейы, Самарийы ӕмӕ суанг арвы кӕрӕттӕм».


Фӕлӕ сын ӕнӕзӕгъинаг загъта: «Йесойы зонын, Павел дӕр мын зындгонд у, сымах та чи стут?»


Ӕмӕ арвыл фӕзынди стыр ӕвдисӕйнаг: йӕ дарӕс хурӕй кӕмӕн уыд, ахӕм сылгоймаг. Йӕ къӕхты бын — мӕй, йӕ сӕрыл — кады худ дыууадӕс стъалыйӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan