Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Матфей 1:25 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

25 Ӕмӕ йӕм ӕмгӕрон не ’рцыд, афтӕмӕй Мариа ныййардта Фырт, ӕмӕ Йӕ Йосиф схуыдта Йесо.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Матфей 1:25
10 Iomraidhean Croise  

Саулы чызг Мелхолӕйӕн йӕ амӕлӕты бонмӕ цот нӕ рацыд.


Чызг уыдис ӕмбисонды рӕсугъд. Давидмӕ зылди, лӕггад ын кодта, фӕлӕ паддзах ӕмуат никуы ӕрцыд йемӕ.


«Израилӕгты алы фыццаг цӕуӕт дӕр нывонд кӕнут Мӕнӕн — ныййарӕг мады хистӕр фырт дӕр ӕмӕ фосы фыццаг нӕлтӕ дӕр Мӕн сты».


Дӕ хоры сӕртӕ ӕмӕ Мын дӕ сӕны хуыздӕр хӕссынмӕ фӕстиат ма кӕн. Уӕ фырттӕй хистӕр зӕнӕг чи уа, уый дӕттут Мӕнӕн.


Ныййардзӕни дын Фырт ӕмӕ Йӕ схондзынӕ Йесо, уымӕн ӕмӕ Уый Йӕ адӕмы сӕ тӕригъӕдтӕй фервӕзын кӕндзӕн».


Йосиф куы райхъал ис, уӕд, Хуыцауы зӕд ын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ бакодта — Мариайы йӕхицӕн усӕн ӕрхуыдта.


Ды банхъӕлцау уыдзынӕ ӕмӕ ныййардзынӕ Фырт, сӕвӕрдзынӕ Йыл ном Йесо.


Аст боны фӕстӕ, Сывӕллонӕн Йӕ сунӕты афон куы ралӕууыд, уӕд Ӕй схуыдтой Йесо. Зӕд Ын уыцы ном рагацау радта, Йӕ мады гуыбыны дӕр куы нӕма сӕвзӕрди, уӕд.


Уыйадыл Фырт ныййардта. Хӕцъилты Йӕ батыхта ӕмӕ Йӕ кӕвдӕсы нывӕрдта, уымӕн ӕмӕ сӕм фысымуаты бынат не ’рхаудис.


Уымӕн ӕмӕ Хуыцау, рагагъоммӕ кӕй базыдта, уыдонӕн снысан кодта Йӕ Фырты хуызӕн уӕвын, цӕмӕй бирӕ ӕфсымӕрты ӕхсӕн Йесо уа фыццаг зӕнӕг.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan