Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Матфей 1:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

2 Авраамӕй райгуырд Исаак, Исаакӕй — Йаков, Йаковӕй — Иудӕ ӕмӕ йе ’фсымӕртӕ;

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Матфей 1:2
27 Iomraidhean Croise  

Мӕнӕ Авраамы фырт Исаакы ӕмӕ йӕ байзӕддаджы царды хабӕрттӕ. Авраамӕн райгуырд Исаак.


Уый хӕдуӕлвӕд райгуырд йе ’фсымӕр: мады гуыбынӕй рацыдис, йӕ къухӕй Исавы зӕвӕтыл хӕцгӕйӕ, ӕмӕ ууыл та сӕвӕрдтой ном Йаков. Куы райгуырдысты, уӕд Исаакыл цыдис ӕртиссӕдз азы.


Авраамы фырттӕ: Исаак ӕмӕ Измаел.


Исаак уыдис Авраамы фырт. Исаакы фырттӕ: Исав ӕмӕ Израил.


«Израилы адӕм, Йаковы байзӕддӕгтӕ! Ӕз уӕ равзӕрстон лӕггад кӕнынмӕ, Мӕ хӕлар Авраамы фӕстагӕттӕ!


Бакӕсут-ма уӕ фыдӕл Аврааммӕ ӕмӕ уӕ мадӕл Саррӕмӕ! Аврааммӕ куы басидтӕн, уӕд ӕнӕбындар уыд, фӕлӕ Йын Ӕз раарфӕ кодтон, ӕмӕ йӕ байзӕддаг ныббирӕ сты.


Иудӕйы байзӕддӕгтӕ, ссӕдзаздзыд ӕмӕ уымӕй хистӕр хӕстхъом нӕлгоймӕгтӕ се ’ппӕт дӕр, фӕстаг лӕджы онг, бинонты ӕмӕ хӕдзарвӕндӕгты номхыгъдты фыст ӕрцыдысты.


Мӕнӕ Йесо Чырыстийы — Авраам ӕмӕ Давиды байзӕддаджы — хӕдзарвӕндаг.


Иудӕйӕн Тамарӕй райгуырдысты Парец ӕмӕ Зарах. Парецӕй райгуырд Есром, Есромӕй — Арам;


Хуыцау Авраамимӕ сарӕзта фидыд; уыцы фидыд домдта сунӕт кӕнын. Ӕмӕ Авраамӕй Исаак куы райгуырд, уӕд ын ӕстӕм бон скодта сунӕт; Исаакӕн райгуырд Йаков, Йаковӕн та — дыууадӕс фырты, нӕ рагфыдӕлтӕ.


Саррӕ дӕр ӕнӕзӕнӕг уыди, йӕ цот кӕныны афон дӕр аивгъуыдта, фӕлӕ йӕм уырнындзинад кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ басывӕрджын ис. Уымӕн ӕмӕ дызӕрдыг нӕ кодта: зӕрдӕ Чи бавӕрдта, Уый Йӕ дзырд нӕ сайы.


Нӕ Бардарӕг хурау Иудӕйы хӕдзарвӕндагӕй кӕй скасти, уый бӕлвырд у. Уыцы хӕдзарвӕндагӕй сауджынтӕ кӕй уыдзӕни, уый тыххӕй Моисей ницы загъта.


Иудӕйы хӕдзарвӕндагӕй мыхуыр ӕвӕрд ӕрцыд дыууадӕс миныл; Рувимы хӕдзарвӕндагӕй — дыууадӕс миныл; Гады хӕдзарвӕндагӕй — дыууадӕс миныл;


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan