Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Матфей 1:19 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

19 Йӕ мойаг Йосифы, раст адӕймаг куыд уыди, уымӕ гӕсгӕ нӕ фӕндыди Мариайы адӕмы цӕсты бафтауын ӕмӕ хъавыди, се ’хсӕн цы фидыд уыд, уый ӕнӕ иу ӕвдисӕнӕй фехалын.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Матфей 1:19
15 Iomraidhean Croise  

Уымӕй иу-ӕртӕ мӕйы фӕстӕдӕр Иудӕмӕ чидӕр фӕхабар кодта: «Дӕ чындз Тамар хъахбай сыл разынди, суанг ма сывӕрджын дӕр баци». Иудӕ бафӕдзӕхста: «Ракӕнут ӕй ӕмӕ йӕ арты басудзут».


Мӕнӕ Нойы царды хабӕрттӕ. Уыди йын ӕртӕ фырты: Сим, Хам ӕмӕ Йафет. Рӕстӕвзар лӕг уыди Ной, йӕ заманы адӕмы ’хсӕн — ӕнӕкъӕм. Царди Хуыцауӕн коммӕгӕсӕй.


Искӕй усаг чи у, ахӕм цагъар сылгоймаджы йӕ мойаг нӕма балхӕдта, йӕ хицау дӕр ӕй нӕма ссӕрибар кодта, афтӕмӕй исчи йемӕ ӕмуат ӕрцыди, зӕгъгӕ, уӕд уыцы нӕлгоймаг йӕ тӕригъӕды тыххӕй ӕфхӕрд баййафӕд. Марын сӕ нӕ хъӕуы, уымӕн ӕмӕ сылгоймаг сӕрибар нӕу.


Исчи искӕй усимӕ куы ӕрӕмуат уа, уӕд дыууӕйӕ дӕр мард ӕрцӕуӕнт — нӕлгоймаг дӕр ӕмӕ сылгоймаг дӕр.


Уыдон загътой: «Моисей бар радта лӕгӕн йӕ усы ауадзын, ӕрмӕст ын ахицӕны гӕххӕтт ныффыссӕд».


Уымӕн ӕмӕ Ирод тарстис Иоаннӕй; раст ӕмӕ сыгъдӕг адӕймаг кӕй у, уый зыдта ӕмӕ йыл йӕ арм дардта. Кӕд-иу Иоанны ныхӕстӕй фӕкъӕмдзӕстыг ис, уӕддӕр ӕм хъуыста ӕхсызгонӕй.


Йерусалимы цардис иу рӕстгӕнӕг, йӕ ном — Симеон. Уый уыди Хуыцауыл ӕнувыд адӕймаг ӕмӕ ӕнхъӕлмӕ касти, Хуыцау Израилы кӕд фервӕзын кӕндзӕн, уымӕ. Симеон хайджын уыди Сыгъдӕг Удӕй.


Уыдон загътой: «Сӕдӕйыхицау Корнелий раст адӕймаг у, тӕрсы Хуыцауӕй, ӕппӕт иудейаг адӕм ӕй нымайынц. Сыгъдӕг зӕд ын бафӕдзӕхста дӕу йӕ хӕдзармӕ ӕрхонын ӕмӕ дын дӕ ныхӕстӕм байхъусын».


Куы сбон ис, уӕд, цы зӕхх у, уый нӕ базыдтой, фӕлӕ змисджын доны былыл федтой донбакӕлӕн. Бауынаффӕ кодтой гӕнӕн ӕмӕ амалӕй нау уырдӕм батӕрын ӕмӕ йӕ змисы ныссадзын.


Ӕз ууыл фидарӕй кӕй ӕууӕндын, уымӕ гӕсгӕ мӕ фӕндыди сымахмӕ раздӕр ӕрцӕуын, цӕмӕй уыл дыууӕ хатты сӕмбӕла хорзӕх.


Йӕ ныхӕстӕ ӕцӕг сты, ӕмӕ йӕ бинойнаг бӕлвырдӕй чызг нӕ разынди, зӕгъгӕ,


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan