Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Матфей 1:12 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

12 Вавилоны фӕстӕ Йехониайӕ райгуырди Шеалтиел, Шеалтиелӕй — Зоровавел;

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Матфей 1:12
20 Iomraidhean Croise  

Йерусалимӕн ратардта йе ’ппӕт цӕрджыты дӕр, ӕлдарӕй, ӕфсады хицауӕй — иу-дӕс мины бӕрц. Ноджы ма — хъӕддӕснытӕ ӕмӕ куырдты. Ныууагъта ма ӕрмӕстдӕр мӕгуырты.


Евил-Меродах Вавилоны паддзах куы сси, тӕккӕ уыцы аз ахӕстонӕй суӕгъд кодта иудейаг паддзах Йехониайы. Уый ӕрцыд Йехониайы ахасты ӕвддӕс ӕмӕ ссӕдзӕм азӕн йӕ дыууадӕсӕм мӕйы дыууын ӕвдӕм бон.


Йехониайы фырттӕ: Асир, уый фырт — Шеалтиел;


Ӕмӕ бавдӕлдысты Иоцадакы фырт Йешуа ӕмӕ йӕ сауджын ӕмбӕлттӕ, стӕй Шеалтиелы фырт Зоровавел ӕмӕ йе ’рвадӕлтӕ ӕмӕ Израилы Хуыцауӕн сарӕзтой нывондхӕссӕн, цӕмӕй йыл, Хуыцауы ӕвзӕрст лӕг Моисейы Ӕгъдауы куыд фыст ис, афтӕ иууылсудзинӕгтӕ судзой.


Уыйадыл Шеалтиелы фырт Зоровавел ӕмӕ Иоцадакы фырт Йешуа, семӕ, ӕххуыс сын чи кодта, Хуыцауы уыцы пехуымпартӕ, афтӕмӕй Йерусалимы Хуыцауы хӕдзар аразынмӕ бавнӕлдтой.


Шеалтиелы фырт Зоровавел ӕмӕ Йешуаимӕ уацарӕй ӕрбаздӕхтысты сауджынтӕ ӕмӕ левиттӕ. Сауджынтӕ: Серай, Йеремиа, Езра,


Сомы кӕнын Мӕхицӕй, — зӕгъы Дунедарӕг, — иудейаг паддзах Йехониа, Иоакимы фырт, Мӕ къухыл мыхуырӕвӕрӕн къухдарӕн куы фестадаид, уӕд дӕр ӕй срӕдывтаин!


Ау, Йехониа ницӕйаг саст дурын, ӕнӕхъӕугӕ мигӕнӕнӕн у? Йӕ байзӕддӕгтимӕ ӕцӕгӕлон зӕххыл уацайраг цӕмӕн сси?


Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Ацы лӕджы, цотӕй хай кӕмӕн нӕй, ахӕмыл банымайут, цӕрӕнбонты уыдзӕн ӕнамонд. Йӕ байзӕддӕгтӕй иу дӕр амондджын нӕ уыдзӕн, уыдонӕй Давиды паддзахы бадӕны ничи сбаддзӕн ӕмӕ Иудейы паддзахиуӕг нӕ кӕндзӕн».


Паддзах Дарийы хицаудзинадыл дыккаг аз куы цыди, уӕд ӕхсӕзӕм мӕйы фыццаг бон пехуымпар Аггей Шеалтиелы фырт Зоровавелӕн, Иудейы бӕстыхицауӕн, стӕй алчер Йешуайӕн, Иоцадакы фыртӕн, Дунедарӕджы фӕндон фехъусын кодта.


Шеалтиелы фырт Зоровавел, Иоцадакы фырт Йешуа ӕмӕ адӕм иууылдӕр сӕ Дунедарӕг Хуыцаумӕ ӕмӕ пехуымпар Аггейы ныхӕстӕм байхъуыстой, уымӕн ӕмӕ йӕ рарвыста Дунедарӕг, сӕ Хуыцау. Адӕмы тас бацыди Дунедарӕджы раз.


Дунедарӕг сразӕнгард кодта Шеалтиелы фырт Зоровавелы — Иудейы бӕстыхицауы, алчер Йешуайы — Иоцадакы фырты, стӕй иннӕ адӕмы се ’ппӕты дӕр, ӕмӕ райдыдтой кусын Уӕларвӕфсады Бардарӕджы, сӕ Хуыцауы, Кувӕндоны.


«Шеалтиелы фырт Зоровавелӕн, Иудейы бӕстыхицауӕн, стӕй Иоцадакы фырт Йешуайӕн, алчерӕн, ӕмӕ адӕмӕн афтӕ зӕгъ:


Ӕмӕ уыцы бон ды, Шеалтиелы фырт Зоровавел, Иудейы бӕстыхицау, Мӕ лӕггадгӕнӕг, Мӕнӕн суыдзынӕ Мӕ мыхуырӕвӕрӕн къухдарӕны хуызӕн, уымӕн ӕмӕ дӕ Ӕз сӕвзӕрстон, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг.


Иосиайӕ райгуырдысты Йехониа ӕмӕ йе ’фсымӕртӕ. Уый уыдис Вавилоны размӕ.


Зоровавелӕй райгуырд Авиуд, Авиудӕй — Елиаким, Елиакимӕй — Азор;


Уӕдӕ Авраамӕй Давиды онг ӕдӕппӕтӕй уыди цыппӕрдӕс фӕлтӕры; Давидӕй Вавилонмӕ хаст ӕрцӕуыны онг дӕр — цыппӕрдӕс фӕлтӕры; ӕмӕ Вавилоны заманӕй Чырыстийы онг дӕр — цыппӕрдӕс фӕлтӕры.


Иоанан, Риса, Зоровавел, Шеалтиел, Нери,


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan