Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Матфей 1:11 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

11 Иосиайӕ райгуырдысты Йехониа ӕмӕ йе ’фсымӕртӕ. Уый уыдис Вавилоны размӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Матфей 1:11
17 Iomraidhean Croise  

Иоахаз паддзах куы сси, уӕд ыл цыди ӕртӕ ӕмӕ ссӕдз азы, ӕмӕ Йерусалимы йӕ паддзахиуӕг ӕдӕппӕтӕй ахаста ӕртӕ мӕйы. Йӕ мад Хамутал уыди ливнӕйаг Йеремиайы чызг.


Йерусалимӕн ратардта йе ’ппӕт цӕрджыты дӕр, ӕлдарӕй, ӕфсады хицауӕй — иу-дӕс мины бӕрц. Ноджы ма — хъӕддӕснытӕ ӕмӕ куырдты. Ныууагъта ма ӕрмӕстдӕр мӕгуырты.


Сахары ма цы адӕм баззади, уыдоны, вавилойнаг паддзахы къухмӕ йӕхи чи радта, уыдонимӕ хъахъхъӕнджыты хицау Невузардан акодта Вавилонмӕ.


Уалдзӕджы йӕм Навуходоносор арвыста, ӕмӕ йӕ Вавилонмӕ уацары акодтой, ноджы ма рахастой Дунедарӕджы Кувӕндоны зынаргъ дзауматӕ дӕр. Иудей ӕмӕ Йерусалимӕн та паддзахӕй сӕвӕрдта уымӕн йе ’фсымӕр Цедекиайы.


Кардӕй чи аирвӕзт, уыдоны та Навуходоносор уацары атардта Вавилонмӕ, ӕмӕ йын уым цагъартӕ уыдысты йӕхицӕн дӕр ӕмӕ йӕ байзӕддӕгтӕн дӕр, цалынмӕ Персы паддзахад йӕ тыхы нӕ бацыди, уӕдмӕ.


Рагуац Вавилоны тыххӕй, Амоцы фырт Исайайӕн Дунедарӕг рагагъоммӕ кӕй раргом кодта, уый.


Сахары цӕрджытӕй ма удӕгасӕй чи баззад, стӕй халдейӕгты ’рдӕм чи балыгъд, уыцы адӕмы хъахъхъӕнджыты хицау Невузардан Вавилонмӕ акодта.


Дунедарӕг Иоакимы вавилойнаг паддзахы уацары бакодта. Навуходоносор Хуыцауы хӕдзары мигӕнӕнтӕн сӕ иу хай Шинары бӕстӕм аласта ӕмӕ сӕ йӕ хуыцауы хӕдзары хӕзнадоны сӕвӕрдта.


Вавилоны фӕстӕ Йехониайӕ райгуырди Шеалтиел, Шеалтиелӕй — Зоровавел;


Уӕдӕ Авраамӕй Давиды онг ӕдӕппӕтӕй уыди цыппӕрдӕс фӕлтӕры; Давидӕй Вавилонмӕ хаст ӕрцӕуыны онг дӕр — цыппӕрдӕс фӕлтӕры; ӕмӕ Вавилоны заманӕй Чырыстийы онг дӕр — цыппӕрдӕс фӕлтӕры.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan