Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Марк 9:9 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

9 Хохӕй куы ’рцӕйцыдысты, уӕд сын Йесо бафӕдзӕхста, цӕмӕй, цы федтой, уый, цалынмӕ Адӕймаджы Фырт мӕрдтӕй райгас уа, уӕдмӕ макӕмӕн радзурой.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Марк 9:9
15 Iomraidhean Croise  

Быцӕу ӕмӕ хъӕр нӕ кӕндзӕн, Йӕ хъӕлӕс Ын ничи фехъусдзӕни уынгты.


Уымӕн ӕмӕ Ионӕ стыр кӕсаджы хуылфы ӕртӕ боны ӕмӕ ӕртӕ ’хсӕвы куыд фӕци, афтӕ Адӕймаджы Фырт дӕр ӕртӕ боны ӕмӕ ӕртӕ ’хсӕвы уыдзӕни зӕххы арфы.


Уӕдӕй фӕстӕмӕ Йесо Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн ӕмбарын кӕнын райдыдта: хъуамӕ ацӕуа Йерусалиммӕ ӕмӕ уым адӕмы хистӕртӕ, алчертӕ ӕмӕ динамонджыты къухӕй бирӕ хъизӕмӕрттӕ бавзара; амардзысты йӕ, ӕмӕ ӕртыккаг бон райгас уыдзӕни.


ӕмӕ йын загътой: «Не ’лдар, нӕ зӕрдыл ӕрлӕууыд, уыцы сайӕгой ма удӕгас куы уыди, уӕд афтӕ кӕй дзырдта: „Ӕртӕ боны фӕстӕ райгас уыдзынӕн“.


Йесо йын загъта: «Хъусыс, ацы хабар макӕмӕн радзур, фӕлӕ ацу, дӕхи фенын кӕн сауджынӕн ӕмӕ, Моисей куыд бафӕдзӕхста, афтӕ ӕрхӕсс нывонд — кӕй сдзӕбӕх дӕ, уымӕн ӕвдисӕйнагӕн».


Йесо сын тынг ныффӕдзӕхста, ацы хабар мачи базонӕд, зӕгъгӕ. Стӕй ма сын загъта, цӕмӕй чызгӕн исты бахӕрын кӕной.


Уӕд сын Йесо бафӕдзӕхста, цӕмӕй уыцы хабар макӕмӕн радзурой. Фӕлӕ сын цас тынгдӕр фӕдзӕхста, уыйас ӕй тынгдӕр айхъуысын кодтой.


Йесойы фӕдзӕхст сӕ зӕрдыл бадардтой, фӕлӕ кӕрӕдзийы фарстой, «мӕрдтӕй райгас уӕвын» цы амоны, зӕгъгӕ.


Ӕмӕ ӕваст сӕ алыварс куы акастысты, уӕд дзы Йесойы йеддӕмӕ никӕйуал федтой.


ӕмӕ загъта: «Фыст ис, Чырысти хъуамӕ фӕхъизӕмар кодтаид ӕмӕ ӕртыккаг бон мӕрдтӕй райгас уыдаид, зӕгъгӕ.


Хъӕлӕс куы райхъуыст, уӕд Йесоимӕ ничиуал уыд. Ахуыргӕнинӕгтӕ, цы федтой, уый басусӕг кодтой ӕмӕ йӕ уыцы бонты никӕмӕн радзырдтой.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan