49 Уымӕн ӕмӕ, Хуыцауӕн хаст нывонд цӕххӕй куыд ссыгъдӕг кӕнынц, афтӕ алчидӕр арты фӕрцы сыгъдӕггонд ӕрцӕудзӕни.
Ӕрбакӕн-иу Мын сӕ Дунедарӕджы размӕ, ӕмӕ-иу сӕ сауджынтӕ аргӕвдӕнт, ауӕнгтӕ кӕнӕнт, ныккӕнӕнт-иу сыл цӕхх ӕмӕ-иу Мын сӕ ӕрхӕссӕнт иууылсудзинаг нывондӕн.
Дӕ алы хойраджы хуыныл дӕр хъуамӕ цӕхх уа, ӕдзӕххӕй йӕ ма ныууадз, уымӕн ӕмӕ цӕхх нысан кӕны, дӕ Хуыцауы фидыд демӕ мыггагмӕ кӕй ис, уый. Дӕ алы хуыныл дӕр хъуамӕ цӕхх уа.
Сымах зӕххӕн йӕ цӕхх стут. Цӕххы ад куынӕуал уа, уӕд ма йӕ цӕмӕй сцӕхджын кӕндзынӕ? Адӕмы къӕхты бынмӕ аппарыны йеддӕмӕ ницӕмӕнуал бӕззы.
[Уым сӕ къуыдыргалм нӕ мӕлы, ӕмӕ дзы арт нӕ хуыссы.]
Цӕхх хорз у, фӕлӕ йӕ тых куы фесӕфа, уӕд ма йӕ цӕмӕй сцӕхджын кӕндзынӕ? Ӕдзӕхх ма ут ӕмӕ кӕрӕдзиимӕ хӕларӕй цӕрут».