44 [Уым сӕ къуыдыргалм нӕ мӕлы, ӕмӕ дзы арт нӕ хуыссы.]
Сионы тӕригъӕдджынтӕ фӕтарстысты, ӕмризӕджы барызтысты ӕмӕ загътой: «Ӕнауӕрдон артӕн чи бафӕраздзӕн? Ӕнӕхуысгӕ пиллоны мидӕг цӕрын кӕй бон бауыдзӕн?»
Фӕссахармӕ-иу куы рацӕуой, уӕд та-иу, ӕлгъгӕнгӕйӕ, афӕлгӕсдзысты, йе ’ргом Мӕ чи аздӕхта, уыдоны мӕрдтыл. Уыдоны хъизӕмарӕн кӕрон нӕ уыдзӕни: нӕдӕр сӕ къуыдыргалм искуы ныммӕлдзӕн, нӕдӕр, цы арты мидӕг судзынц, уый искуы ахуысдзӕн».
Уӕд, Йӕ галиуфарс чи ис, уыдонӕн та зӕгъдзӕн: „Ацӕут Мӕнӕй, ӕлгъыстытӕ, хӕйрӕгӕн ӕмӕ йӕ зӕдтӕн цӕттӕгонд цы мыггагмӕйы арт ис, уырдӕм.
Ӕмӕ уыдон ацӕудзысты ӕнусмӕ хъизӕмар кӕнынмӕ, рӕстудтӕ та — ӕнусон цардмӕ».
Йӕ фыййаг Йӕ къухы ис, ӕмӕ Йӕ мус ссыгъдӕг кӕндзӕн. Мӕнӕу Йӕ хордоны бафснайдзӕн, зыгуым та ӕнӕхуысгӕ арты басудздзӕн».
Дӕ къух дӕ рӕдийын кӕны, — ралыг ӕй кӕн: хуыздӕр дын у уӕнгхъуагӕй цӕрын, цӕйнӕфӕлтау дыууӕ къухимӕ зындоны ӕнӕхуысгӕ арты бахауай.
Дӕ къах дӕ рӕдийын кӕны, — ралыг ӕй кӕн: хуыздӕр дын у уӕнгхъуагӕй цӕрын, цӕйнӕфӕлтау дыууӕ къахимӕ зындонмӕ бахауай.
[Уым сӕ къуыдыргалм нӕ мӕлы, ӕмӕ дзы арт нӕ хуыссы.]
Уыдонӕн рахастӕуыдзӕн мыггагмӕ амӕлыны тӕрхон, ӕнӕхай фӕуыдзысты Бардарӕгӕй ӕмӕ Йе стыр кадӕй,
уый Хуыцауы азары кӕхцӕй нуаздзӕн, ӕндӕр истӕимӕ хӕццӕ чи нӕу, Йӕ уыцы фыдӕхы сӕнӕй ӕмӕ сыгъдӕг зӕдты ӕмӕ Уӕрыччы раз хъизӕмар кӕндзӕни сондон арты.
Чи сӕ сайдта, уыцы хӕйрӕджы та ныппӕрстӕуыд, сырд ӕмӕ мӕнгпехуымпар кӕм сты, уыцы судзгӕ сондоны цадмӕ, ӕмӕ уым ӕхсӕвӕй-бонӕй хъизӕмар кӕндзысты мыггагӕй-мыггагмӕ.
Ӕмӕ царды чиныджы фыст кӕй ном нӕ уыди, уый ныппӕрстӕуыд судзгӕ цадмӕ.
Нӕуӕндӕгтӕн ӕмӕ ӕцӕгадыл гадзрахатӕй рацӕуджытӕн, ӕнӕуагтӕн ӕмӕ лӕгмартӕн, хӕлд адӕмӕн ӕмӕ кӕлӕнгӕнджытӕн, мӕнгхуыцӕуттӕн кувджытӕн ӕмӕ ӕппӕт фӕлитойтӕн та сӕ бынат ис судзгӕ сондоны цады. Уый у дыккаг мӕлӕт».