Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Марк 9:42 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

42 Фӕлӕ ацы кӕстӕртӕй — Мӕныл ӕууӕндджытӕй — иуы дӕр тӕригъӕды чи баппара, уымӕн йӕ бӕрзӕйыл куыройы фыд куы ӕрцауындзиккой ӕмӕ йӕ денджызмӕ куы баппариккой, уӕд ын хуыздӕр уаид.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Марк 9:42
19 Iomraidhean Croise  

Фӕлӕ ныл цӕмӕй сӕ зӕрдӕ ма фӕхуда, уый тыххӕй ацу денджызмӕ, ӕнгуыр доны баппар ӕмӕ, фыццаг цы кӕсаг ӕрцахсай, уый райс. Ӕмӕ йын йӕ дзых куы байгом кӕнай, уӕд дзы ссардзынӕ статир. Рахӕсс ӕй ӕмӕ сын ӕй ратт Мӕн тыххӕй ӕмӕ дӕхи тыххӕй дӕр».


Хъусут, ацы кӕстӕртӕй иуыл дӕр ӕнӕввӕрсон ма ут. Зӕгъын уын: уыдонӕн сӕ зӕдтӕ уӕлӕрвты ӕдзух уынынц Мӕ Уӕларвон Фыды цӕсгом.


Фӕлӕ ацы кӕстӕртӕй — Мӕныл ӕууӕндджытӕй — иуы дӕр тӕригъӕды чи бафтауа, уымӕн фӕлтау йӕ бӕрзӕйыл куыройы фыд куы ӕрцауындзиккой ӕмӕ йӕ денджызы арфмӕ куы ныппариккой, уӕд ын хуыздӕр уаид.


Савл ӕрхауди зӕххыл ӕмӕ фехъуыста хъӕлӕс: «Савл, Савл, цӕмӕн Мӕ ӕфхӕрыс?»


Уӕдӕ кӕрӕдзийӕн тӕрхон мауал кӕнӕм. Уый нӕ, фӕлӕ архайут, цӕмӕй уе ’фсымӕр уӕ аххосӕй ма фӕкӕла ӕмӕ тӕригъӕды ма бацӕуа.


фӕлӕ, Сыгъдӕг Фыст цы зӕгъы, уый сӕххӕст кӕнон: «Кӕмӕн нӕ загъдӕуыд Уый тыххӕй, уыдон фендзысты, ӕмӕ, чи нӕ фехъуыста, уыдон базондзысты».


Курын уӕ, ӕфсымӕртӕ, уӕхи хизут, цӕуыл сахуыр стут, уыцы ахуырад чи ницӕмӕ дары, афтӕмӕй аргъуантӕ кӕрӕдзийӕ дих чи кӕны ӕмӕ фӕкӕлыны хос чи у, уыдонӕй — ӕмгӕрон сӕм ма цӕут.


Мах къуылымпыйы хос никӕмӕн стӕм, цӕмӕй нын нӕ куыст мачи бафауа.


цӕмӕй уӕ бон уа, хуыздӕр цы у, уый раиртасын. Уӕд Чырыстийы ӕрцыды бон уыдзыстут сыгъдӕг ӕмӕ ӕнӕфау,


Уымӕ гӕсгӕ мӕн фӕнды, цӕмӕй ӕрыгон идӕдз устытӕ цӕуой моймӕ, арой сывӕллӕттӕ, уынаффӕ кӕной сӕ хӕдзӕрттӕн ӕмӕ ныхмӕлӕууӕгӕн мацы фадат дӕттой фауынӕн.


Бирӕтӕ сын бафӕзмдзысты сӕ чъизи митӕ; уыдоны аххосӕй ӕгад уыдзӕни раст фӕндаг.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan