39 Йесо йын дзуапп радта: «Ма йӕ хъыгдарут. Мӕ номӕй диссаг чи равдиса, уый ӕваст Мӕ фыдгой кӕнынмӕ нӕ фӕуыдзӕн.
Уӕд Ын Иоанн афтӕ зӕгъы: «Ахуыргӕнӕг, мах федтам, Дӕ номӕй дӕлимонты чи суры, иу ахӕм адӕймаджы ӕмӕ йын карзӕй загътам, цӕмӕй афтӕ мауал кӕна, уымӕн ӕмӕ уый махӕй нӕу».
Нӕ ныхмӕ чи нӕу, уый нӕ фарс у.
Уымӕ гӕсгӕ уын зӕгъын: Сыгъдӕг Удӕй хайджын чи у, уый Йесойы нӕ ралгъитдзӕн, ӕмӕ, Сыгъдӕг Удӕй хайджын чи нӕу, уый Йесойы Бардарӕг не схондзӕн.
Фидар хӕцын мӕ буарыл, мӕ дӕлбар ӕй кӕнын, цӕмӕй афтӕ ма рауайа, ӕмӕ, иннӕтӕн Фарны Уац ӕрхӕсгӕйӕ, мӕхӕдӕг хӕрзиуӕджы аккаг ма разынон.
Ӕмӕ цы? Чырыстийы тыххӕй куыдфӕнды ма дзурӕд, — былалгъӕй кӕнӕ зӕрдиагӕй, — уӕддӕр райын. Ӕмӕ райдзынӕн,