37 «Ахӕм сабитӕй иуы дӕр Мӕн тыххӕй чи суазӕг кӕна, уый Мӕн суазӕг кӕндзӕн; Мӕн чи суазӕг кӕна, уый та — Мӕ Рарвитӕджы».
Хъусут, ацы кӕстӕртӕй иуыл дӕр ӕнӕввӕрсон ма ут. Зӕгъын уын: уыдонӕн сӕ зӕдтӕ уӕлӕрвты ӕдзух уынынц Мӕ Уӕларвон Фыды цӕсгом.
Ӕмӕ сын Паддзах дзуапп ратдзӕн: „Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: Мӕ ацы кӕстӕр ӕфсымӕртӕй иуӕн цы сарӕзтат, уый Мӕнӕн сарӕзтат“.
Стӕй сын сӕ размӕ ӕрбахуыдта сывӕллоны, ӕрбахъӕбыс ӕй кодта ӕмӕ сын загъта:
Сымахмӕ чи хъусы, уый Мӕнмӕ хъусы. Сымахыл йӕхи чи атигъ кӕны, уый Мӕныл атигъ кӕны. Мӕныл йӕхи чи атигъ кӕны, уый та — Мӕ Рарвитӕгыл».
ӕмӕ сын загъта: «Ацы сывӕллоныл, Мӕ сӕр хъуыдыгӕнгӕйӕ, ӕнувыд чи уа, уый Мӕныл у ӕнувыд; Мӕныл ӕнувыд чи уа, уый та Мӕ Рарвитӕгыл у ӕнувыд. Уе ’хсӕн ӕппӕты къаддӕр чи у, уый у уе ’ппӕты стырдӕр».
Ӕз ӕмӕ Мӕ Фыд иу стӕм».
Ӕцӕг уын зӕгъын, ӕцӕг: Ӕз кӕй арвитын, уый чи суазӕг кӕны, уый Мӕн суазӕг кӕны, Мӕн чи суазӕг кӕны, уый та — Мӕ Рарвитӕджы».
цӕмӕй, Фыды куыд нымайынц, Фырты дӕр афтӕ нымайой. Фырты чи нӕ нымайы, уый Йын Йӕ рарвитӕг Фыды дӕр нӕ нымайы.
Уӕдӕ, уыцы сидт чи ницӕмӕ дары, уый адӕймагыл нӕ, фӕлӕ уӕ Йӕ Сыгъдӕг Удӕй Чи схайджын кодта, уыцы Хуыцауыл йӕхи атигъ кӕны.