Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Марк 9:29 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

29 Йесо сын загъта: «Адоны мыггагӕн ӕрмӕстдӕр кувын ӕмӕ ком дарыны фӕрцы ис фӕсурӕн».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Марк 9:29
17 Iomraidhean Croise  

Ӕз мӕ уӕлӕ сӕхъис скодтон, мӕ сӕрыл рыг байзӕрстон ӕмӕ ком дардтон, куывтон ӕмӕ лӕгъстӕ кодтон мӕ Дунедарӕг Хуыцауӕн: «О Дунедарӕг, стыр ӕмӕ тасӕфтауӕг Хуыцау! Чи Дӕ уарзы ӕмӕ Дын Дӕ фӕдзӕхстытӕ чи ӕххӕст кӕны, уыдоныл иузӕрдион дӕ кӕддӕриддӕр.


Уӕд ацӕуы ӕмӕ йемӕ ӕркӕны ӕндӕр авд ӕнӕзӕгъинаджы, йӕхицӕй фыддӕрты, бацӕуынц уырдӕм ӕмӕ дзы ӕрцӕрынц. Ӕмӕ уыцы адӕймаг бахауы, раздӕр цы уыди, уымӕй ноджы фыддӕр уавӕры. Ацы фыдзӕрдӕ фӕлтӕрӕн дӕр сӕ хабар раст афтӕ уыдзӕн».


Йесо сын дзуапп радта: «Уӕ уырнындзинад лӕмӕгъ кӕй у, уый тыххӕй. Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: хъыцъыйы нӕмыджы йас уырнындзинад уӕм куы уа ӕмӕ мӕнӕ ацы хохӕн афтӕ куы зӕгъат: „Ардыгӕй уӕртӕ уырдӕм ацу“, уӕд ацӕудзӕн. Ӕмӕ ахӕмӕй ницы уыдзӕни, сымахӕн цы нӕ бантыса.


[Адоны мыггагӕн та ӕрмӕст кувын ӕмӕ ком дарыны фӕрцы ис фӕсурӕн]».


Йесо хӕдзармӕ куы бацыди, уӕд Ӕй Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ хибарӕй бафарстой: «Дӕлимоны расурын мах бон цӕуылнӕ баци?»


Рацыдысты уырдыгӕй ӕмӕ сӕ фӕндаг акодтой Галилейыл. Йесойы нӕ фӕндыди, цӕмӕй, уым кӕй ис, уый исчи базона.


Уӕд ацӕуы ӕмӕ йемӕ ӕркӕны ӕндӕр авд ӕнӕзӕгъинаджы, йӕхицӕй фыддӕрты, бацӕуынц уырдӕм ӕмӕ дзы ӕрцӕрынц; ӕмӕ уыцы адӕймаг бахауы, раздӕр цы уыди, уымӕй ноджы фыддӕр уавӕры».


Алы аргъуанӕн дӕр сӕвӕрдтой хистӕртӕ, сӕ къухтӕ сыл ӕрӕвӕргӕйӕ. Ком даргӕйӕ сын скуывтой ӕмӕ сӕ бафӕдзӕхстой, Кӕуыл баууӕндыдысты, уыцы Бардарӕгыл.


Фидар хӕцын мӕ буарыл, мӕ дӕлбар ӕй кӕнын, цӕмӕй афтӕ ма рауайа, ӕмӕ, иннӕтӕн Фарны Уац ӕрхӕсгӕйӕ, мӕхӕдӕг хӕрзиуӕджы аккаг ма разынон.


Уӕззау куыст, ӕнӕхуыссӕг ӕхсӕвтӕ, стонг ӕмӕ дойны, уазал ӕмӕ бӕгънӕг…


Уымӕй фервӕзыны тыххӕй ӕртӕ хатты лӕгъстӕ кодтон Бардарӕгӕн,


над ӕййафгӕйӕ, ахӕстоны, змӕст уавӕрты, уӕззау куысты, ӕгъуыссӕгӕй, ӕххормагӕй.


Кӕддӕриддӕр кувут ӕмӕ курут Хуыцауы Удӕй разӕнгардӕй. Уый тыххӕй ут къӕрцхъус ӕмӕ ӕвӕллайгӕйӕ кувут ӕппӕт сыгъдӕджыты тыххӕй.


Ӕмӕ, йӕ бындуры уырнындзинад кӕмӕн ис, уыцы куывдӕй сдзӕбӕх уыдзӕн рынчын, ӕмӕ йӕ Бардарӕг слӕууын кӕндзӕн йӕ къахыл. Кӕд тӕригъӕд ракодта рынчын, уӕд ын хатыргонд уыдзӕни.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan