Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Марк 9:20 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

20 Ӕмӕ Йӕм ӕй ӕрбакодтой. Дӕлимон куыддӕр Йесойы ауыдта, афтӕ лӕппуйы йӕ гӕндзӕхтӕ цӕгъдыныл бафтыдта; лӕппу зӕххыл адӕргъ ис ӕмӕ, йӕ комы фынк калгӕйӕ, ратул-батул кодта.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Марк 9:20
14 Iomraidhean Croise  

Ӕнӕзӕгъинаг ныууыгъта уыцы адӕймаджы, ныцъцъӕхахст кодта ӕмӕ дзы рацыди.


Кӕм ӕй ӕрцахсы, уым ӕй зӕххыл ныццӕвы, ӕмӕ лӕппуйӕн йӕ комы фынк акӕлы, йӕ дӕндӕгты хъыс-хъыс ссӕуы ӕмӕ фӕсур вӕййы. Дӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загътон, цӕмӕй дӕлимоны расурой, фӕлӕ сӕ бон нӕ баци».


Йесо дзуапп радта: «Ӕнӕуырнӕг фӕлтӕр! Цас ма уыдзынӕн уемӕ? Кӕдмӕ ма уын быхсдзынӕн? Ӕрбакӕнут Мӕм ӕй».


Уӕд ын Йесо йӕ фыды бафарста: «Рагӕй афтӕ у?» Уый Йын дзуапп радта: «Йӕ чысылӕй нырмӕ.


Уӕд дӕлимон ныцъцъӕхахст кодта, тынг ныууыгъта лӕппуйы ӕмӕ дзы рацыди. Лӕппу мардау фӕцис, ӕмӕ бирӕтӕ фенхъӕлдтой, удӕгас нал у, зӕгъгӕ.


Йесо дӕлимонӕн тызмӕгӕй загъта: «Банцай ӕмӕ ӕддӕмӕ рахиз». Дӕлимон, кӕй мидӕг уыди, уыцы адӕймаджы синагогӕйы астӕу зӕххыл ныццавта ӕмӕ дзы рацыд, ницы зиан ын ракодта, афтӕмӕй.


Уымӕн ӕмӕ Йесо ӕнӕзӕгъинагӕн бардзырд радта, цӕмӕй уыцы адӕймагӕй рацӕуа. Ӕнӕзӕгъинаг ӕй рагӕй тухӕнӕй мардта. Йӕ къухтӕ ӕмӕ-иу ын йӕ къӕхтӕ рӕхыстӕй сбастой, хъахъхъӕдтой йӕ, фӕлӕ-иу уый арӕдывта йӕ рӕхыстӕ ӕмӕ-иу алыгъди, дӕлимон ӕй ӕдзӕрӕг рӕттӕм сырдта.


Дӕлимоны ахӕсты ис ӕмӕ ӕваст ныцъцъӕхахст кӕны, йӕ гӕндзӕхтӕ ныццӕгъды, ӕмӕ йӕ комӕй фынк акӕлы. Дӕлимон ӕй хъизӕмарӕй мары, йӕхи адыл ӕй нӕ уадзы.


Лӕппу Йесомӕ нӕма бахӕццӕ, афтӕ йӕ дӕлимон зӕххыл ныццавта, ӕмӕ уый йӕ гӕндзӕхтӕ цӕгъдын райдыдта. Фӕлӕ Йесо бардзырд радта ӕнӕзӕгъинагӕн, сдзӕбӕх кодта лӕппуйы ӕмӕ йӕ стӕй йӕ фыды бар ныууагъта.


Уӕ фыд хӕйрӕг у, ӕмӕ, уӕ фыды зӕрдӕ цы зӕгъы, уый кӕнын уӕ фӕнды. Уый райдианӕй уыди лӕгмар, ӕмӕ йын ӕцӕгадимӕ иумӕйагӕй ницы ис, уымӕн ӕмӕ йӕм нӕй ӕцӕгад. Уый мӕнг куы фӕзӕгъы, уӕд йӕ кӕнон кӕны, уымӕн ӕмӕ у мӕнгард ӕмӕ мӕнгдзинады фыд.


Ут къӕрцхъус ӕмӕ уӕхи цӕттӕ дарут, уымӕн ӕмӕ уӕ фыдгул, хӕйрӕг, цӕуы богътӕгӕнӕг домбайау ӕмӕ агуры, кӕй аныхъуыра, ахӕмты.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan