Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Марк 9:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

2 Ӕхсӕз боны фӕстӕ Йесо Йемӕ рахуыдта Петр, Йаков ӕмӕ Иоанны, скодта сӕ бӕрзонд хохмӕ, ӕмӕ уым уыдысты хибарӕй. Сӕ разы Йӕ хуыз аивта.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Марк 9:2
23 Iomraidhean Croise  

Уый фӕстӕ нывондхӕссӕныл сугтӕ равӕрдта, уӕныджы суӕнгтӕ кодта ӕмӕ йӕ афтӕмӕй сугты уӕлӕ сӕвӕрдта


Ӕмӕ Ахав минас кӕнынмӕ ацыд, Илийа та Кармелы хохмӕ ссыди, зӕхмӕ ӕргуыбыр кодта, йӕ сӕр йӕ уӕрджыты ’хсӕн бакодта


Ӕмӕ Моисей йе ’ххуысгӕнӕг Йешуаимӕ ссыди хохы сӕрмӕ.


Уӕхи цӕстӕй фендзыстут уӕ цытджын Паддзахы, фендзыстут парахат бӕстӕ.


Хуыцауы раз Уый байрӕзти, сыгъд быдыры тала тыхамӕлттӕй куыд сӕвзӕры, йӕ хус уидаг фӕлурс тау куыд суадзы, уыйау. Уындӕй диссаг, кондӕй ӕрдхӕрӕн, зӕгъгӕ, афтӕ зӕгъӕн Дзы нӕ уыд. Федтам Ӕй, ӕмӕ Йын нӕ цӕст Ыл цӕмӕй ӕрӕвӕрдтаиккам, ахӕм бакаст нӕ уыд.


Уый фехъусгӕйӕ, Йесо уырдыгӕй бӕлӕгъы иунӕгӕй хибар ранмӕ йӕхи айста. Адӕм уый куы базыдтой, уӕд сахартӕй Йӕ фӕдыл фистӕгӕй ацыдысты.


Йемӕ акодта Петр, Йаков ӕмӕ Иоанны. Мӕлӕты тас бацыди Йӕ зӕрдӕйы, ӕмӕ ӕрхӕндӕг кӕнын райдыдта.


Уый фӕстӕ ахуыргӕнинӕгтӕй дыууӕ хъӕумӕ куы фӕцӕйцыдысты, уӕд сӕм Йесо, ӕндӕр хуыз райсгӕйӕ, фӕндагыл Йӕхи раргом кодта.


Ӕмӕ Йемӕ ацӕуын никӕй бауагъта, Петр, Йаков ӕмӕ Йаковы ӕфсымӕр Иоанны йеддӕмӕ.


Иуахӕмы Йесо хохмӕ ссыди кувынмӕ, ӕмӕ ӕнӕхъӕн ӕхсӕв уым, Хуыцаумӕ кувгӕйӕ, арвыста.


Дзырд сси Адӕймаг ӕмӕ царди не ’хсӕн, хорзӕх ӕмӕ ӕцӕгадӕй ӕххӕстӕй. Ӕмӕ Йын мах федтам Йӕ кад — Фыдӕй иунӕг Фыртӕн цы кад ис, уый.


Ацы дунейы ӕгъдӕуттӕ ма фӕзмут; уадз ӕмӕ ног кӕна уӕ зонд ӕмӕ ива уӕ зӕрдӕ. Ӕмӕ уӕд уӕ бон уыдзӕн Хуыцауы фӕндон зонын — Хуыцауӕн ӕхцон цы у, хорз цы у ӕмӕ алцӕмӕй дӕр ӕххӕст цы у, уый.


Ныр уӕм ӕртыккаг хатт цӕуын. «Алы хъуыддаг дӕр хъуамӕ дыууӕ кӕнӕ ӕртӕ ӕвдисӕны раз ӕвзӕрст цӕуа».


Ӕппӕт басӕттын дӕр Йӕ бон кӕмӕй у, Йӕ уыцы хъаруйӕ Уый аивдзӕн нӕ лӕмӕгъ буар, скӕндзӕн ӕй Йӕ кадджын Буары халдих.


Ӕз федтон стыр, урс паддзахы бадӕн ӕмӕ уым — Бадӕджы. Йӕ разӕй фӕлыгъдысты арв ӕмӕ зӕхх, ӕмӕ сын дун-дунейы бынат нал уыди.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan