Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Марк 9:17 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

17 Адӕмӕй Йын иу дзуапп радта: «Ахуыргӕнӕг, ӕз Дӕм ӕрбакодтон мӕ фырты, ӕнӕзӕгъинаг ӕй багомыг кодта.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Марк 9:17
12 Iomraidhean Croise  

Уӕд Йесомӕ ӕрбакодтой, цӕстӕй чи нӕ уыдта ӕмӕ ӕгомыг чи уыд, ахӕм хӕйрӕджджыны. Йесо йӕ сдзӕбӕх кодта, ӕмӕ ӕгомыг райдыдта дзурын, цӕстӕй дӕр суыдта.


ӕмӕ Йӕм бахатыд: «Хицау, батӕригъӕд кӕн мӕ фыртӕн. Суртӕгӕнаг у ӕмӕ тынг удхар кӕны; арӕх йӕхи куы артмӕ ӕппары, куы донмӕ.


Уыдон куы рацӕйцыдысты, уӕд Йесомӕ ӕрбакодтой къуытты хӕйрӕджджыны.


Йесомӕ адӕм сӕ сывӕллӕтты хастой, цӕмӕй сыл андзӕва, фӕлӕ сӕ Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ нӕ уагътой.


ӕмӕ Йын балӕгъстӕ кодта: «Мӕ чызг мӕлгӕ кӕны; ӕрцу ӕмӕ йыл Дӕ къухтӕ авӕр, цӕмӕй сдзӕбӕх уа ӕмӕ цӕра».


Уыцы сылгоймаг уыди Сириаг Финикийӕ, муртаттаг. Ӕмӕ Йесойӕн лӕгъстӕ кодта, мӕ чызджы мын дӕлимоны ахӕстӕй суӕгъд кӕн, зӕгъгӕ.


Йесо сӕ бафарста: «Цӕуыл у уӕ быцӕу?»


Кӕм ӕй ӕрцахсы, уым ӕй зӕххыл ныццӕвы, ӕмӕ лӕппуйӕн йӕ комы фынк акӕлы, йӕ дӕндӕгты хъыс-хъыс ссӕуы ӕмӕ фӕсур вӕййы. Дӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загътон, цӕмӕй дӕлимоны расурой, фӕлӕ сӕ бон нӕ баци».


Йесо адӕмы ӕрбацӕйзгъоргӕ куы федта, уӕд ӕнӕзӕгъинагӕн карзӕй загъта: «Ӕгомыг ӕмӕ къуырма уд! Ӕз дын бардзырд дӕттын: рахиз дзы ӕмӕ йӕ мидӕг макуыуал бацу».


Иу хатт Йесо иу лӕгӕй сырдта ӕгомыггӕнӕг дӕлимоны. Куы дзы рацыди, уӕд гоби йӕ дзыхӕй сдзырдта, ӕмӕ адӕм дисы бафтыдысты.


Се ’хсӕнӕй Йӕм чидӕр рахъӕр кодта: «Ахуыргӕнӕг, уый курӕг Дӕ дӕн, ӕмӕ мын баххуыс кӕн мӕ фыртӕн, иунӕг хъӕбул мын у!


Ӕмӕ уыцы лӕг, Йесо Иудейӕ Галилеймӕ кӕй ацыди, уый куы фехъуыста, уӕд Ӕм бахӕццӕ ис ӕмӕ Йын лӕгъстӕ кодта, мӕ фырт мӕлӕты къахыл лӕууы, ӕрцу ӕмӕ мын ӕй сдзӕбӕх кӕн, зӕгъгӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan