15 Адӕм Йесойы куы ауыдтой, уӕд иууылдӕр стыр дисы бафтыдысты, Йӕ размӕ згъордтой ӕмӕ Йын салам лӕвӕрдтой.
Фӕлӕ Аарон ӕмӕ израилӕгтӕ федтой Моисейы тӕмӕнкалгӕ цӕсгом ӕмӕ йӕм нӕ бауӕндыдысты ӕввахс бацӕуын.
Йемӕ акодта Петр, Йаков ӕмӕ Иоанны. Мӕлӕты тас бацыди Йӕ зӕрдӕйы, ӕмӕ ӕрхӕндӕг кӕнын райдыдта.
Зӕппадзмӕ куы бацыдысты, уӕд дзы рахизӕрдыгӕй федтой ӕрыгон лӕппуйы, урс дарӕсы бадгӕйӕ, ӕмӕ сыл стыр тас бахӕцыд.
Фӕлӕ сын уый загъта: «Ма тӕрсут. Сымах дзуарылтыгъд Назаретаг Йесойы агурут — ам нӕй, райгас ис. Мӕнӕ, кӕм Ӕй бавӕрдтой, уыцы бынат.
Йесо сӕ бафарста: «Цӕуыл у уӕ быцӕу?»
Йесо адӕмы ӕрбацӕйзгъоргӕ куы федта, уӕд ӕнӕзӕгъинагӕн карзӕй загъта: «Ӕгомыг ӕмӕ къуырма уд! Ӕз дын бардзырд дӕттын: рахиз дзы ӕмӕ йӕ мидӕг макуыуал бацу».