Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Марк 9:14 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

14 Иннӕ ахуыргӕнинӕгтӕм куы ӕрыздӕхтысты, уӕд сын сӕ алыварс ӕрӕййӕфтой бирӕ адӕм, стӕй динамонджыты — семӕ цӕуылдӕр быцӕу кодтой.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Марк 9:14
9 Iomraidhean Croise  

ӕмӕ Йӕ бафарстой: «Ды ацы хъуыддӕгтӕ цавӕр хъаруйӕ кӕныс? Афтӕ кӕныны бар Дын чи радта?»


Уыдон Ӕм бацыдысты ӕмӕ Йын загътой: «Ахуыргӕнӕг, мах зонӕм, Ды раст кӕй дӕ ӕмӕ искӕй зӕрдӕ балхӕныныл кӕй нӕ архайыс, уымӕн ӕмӕ никӕй хъулон кӕныс, фӕлӕ ӕцӕгады фӕткмӕ гӕсгӕ амоныс Хуыцауы фӕндаг. Кесӕрӕн хъалон фидын ӕмбӕлы ӕви нӕ? Фидӕм ын ӕви йын ма фидӕм?»


Динамонджытӕ цалдӕрӕй уым бадтысты ӕмӕ хинымӕр дзырдтой:


Фӕлӕ уын зӕгъын: Илийа дӕр ныридӕгӕн ӕрцыдис, ӕмӕ сӕ цы фӕндыди, уый йын бакодтой, фыст куыд ис, афтӕ».


Павел ацыд синагогӕмӕ ӕмӕ ӕртӕ мӕйы дӕргъы ӕдӕрсгӕ пехуымпариуӕг кодта Хуыцауы Паддзахады тыххӕй ӕмӕ адӕмы ӕууӕндын кодта.


Ахъуыды кӕнут тӕригъӕдджынтӕй ахӕм ӕфхӕрд Бавзарӕгыл, цӕмӕй ма сӕдых ӕмӕ ма слӕмӕгъ уат удӕй.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan