Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Марк 9:10 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

10 Йесойы фӕдзӕхст сӕ зӕрдыл бадардтой, фӕлӕ кӕрӕдзийы фарстой, «мӕрдтӕй райгас уӕвын» цы амоны, зӕгъгӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Марк 9:10
15 Iomraidhean Croise  

Ӕфсымӕртӕн сӕ маст рафыхт Йосефмӕ, фӕлӕ фыд ацы хабӕрттӕ йӕ зӕрдыл бадардта.


Уӕд Ӕй Петр иуварс акодта ӕмӕ Йын уайдзӕф кӕнын райдыдта: «Хуыцау Дӕ бахизӕд уымӕй, Хицау! Уыцы бӕллӕх Дыл ма ӕрцӕуӕд!»


Ӕмӕ Йӕ бафарстой: «Уӕдӕ динамонджытӕ афтӕ цӕмӕн дзурынц, Чырыстийы размӕ уал, дам, Илийа хъуамӕ ӕрцӕуа?»


Фӕлӕ Йын уыдон нӕ бамбӕрстой Йӕ ныхӕстӕ, бафӕрсын та Йӕ нӕ уӕндыдысты.


Хохӕй куы ’рцӕйцыдысты, уӕд сын Йесо бафӕдзӕхста, цӕмӕй, цы федтой, уый, цалынмӕ Адӕймаджы Фырт мӕрдтӕй райгас уа, уӕдмӕ макӕмӕн радзурой.


Цӕмӕн афтӕ бакодта, уый Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ фыццаг нӕ бамбӕрстой, фӕлӕ Йесойы кад куы раргом ис, уӕд сӕ зӕрдыл ӕрлӕууыд, Йесойы тыххӕй Сыгъдӕг Фысты афтӕ кӕй загъдӕуыд, уый.


Эпикурион ӕмӕ стоикон философтӕй иуӕй-иутӕ райдыдтой йемӕ быцӕу кӕнын. Сӕ иутӕ дзырдтой: «Цы зӕгъынмӕ хъавы уыцы дзӕгъӕлдзых?» Иннӕтӕ та: «Ӕнхъӕлдӕн, уый ӕцӕгӕлон хуыцӕуттыл ӕууӕндын кӕны». Уымӕн ӕмӕ сын Павел дзырдта Фарны Уац Йесойы тыххӕй ӕмӕ сын кодта мӕрдтӕй райгасы кой.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan