Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Марк 9:1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Загъта ма сын: «Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: ам чи лӕууы, уыдонӕй иуӕй-иутӕ нӕ амӕлдзысты, цалынмӕ Хуыцауы Паддзахад хъомысджынӕй ӕрцӕугӕ феной, уӕдмӕ».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Марк 9:1
13 Iomraidhean Croise  

Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: ам чи лӕууы, уыдонӕй иуӕй-иутӕ сӕ удӕгасӕй фендзысты Адӕймаджы Фырты паддзахы бартимӕ ӕрцӕугӕ».


Уӕд арвыл фӕзындзӕн Адӕймаджы Фырты ӕвдисӕйнаг. Зӕххон адӕмтӕ иууылдӕр ныккӕудзысты ӕмӕ „Адӕймаджы Фырты фендзысты стыр хъомыс ӕмӕ кадимӕ ӕврӕгътыл ӕрцӕйцӕугӕ“.


«Адӕймаджы Фырт ӕппӕт зӕдтимӕ Йӕ кадимӕ куы ’рцӕуа, уӕд сбаддзӕнис Йӕ кадджын бынаты.


Уӕд „Адӕймаджы Фырты фендзысты стыр хъомыс ӕмӕ кадимӕ ӕврӕгътыл ӕрцӕйцӕугӕ“.


Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: ацы фӕлтӕр нӕма аивгъуыйдзӕн, афтӕ ӕппӕт уыдӕттӕ ӕрцӕудзысты.


Сыгъдӕг Уд ын раргом кодта, Хуыцау Кӕй рарвита, цалынмӕ уыцы Чырыстийы фенай, уӕдмӕ нӕ амӕлдзынӕ, зӕгъгӕ.


Зӕгъын уын, Ӕз сӕнӕфсиры сӕнӕй нал фӕхъӕстӕ уыдзынӕн, цалынмӕ Хуыцауы Паддзахад ӕрцӕуа, уӕдмӕ».


цӕмӕй Мӕ Паддзахады Мемӕ иу фынгыл хӕрат ӕмӕ нуазат. Ӕмӕ сымах паддзахы бадӕнты ӕрбаддзыстут Израилы дыууадӕс хӕдзарвӕндагӕн тӕрхон кӕнынмӕ.


Ӕцӕг уын зӕгъын: ам чи лӕууы, уыдонӕй иуӕй-иутӕ нӕ амӕлдзысты, цалынмӕ Хуыцауы Паддзахад феной, уӕдмӕ».


Ӕмӕ айхъуысти ӕфсымӕртыл, уыцы ахуыргӕнинаг нӕ амӕлдзӕни, зӕгъгӕ. Йесо та, нӕ амӕлдзӕни, зӕгъгӕ, нӕ загъта, фӕлӕ: «Кӕд Мӕн афтӕ фӕнды, ӕмӕ Ме ’рцыдмӕ удӕгас уа, уӕд та?»


Фӕлӕ уынӕм, ӕрмӕст цыбыр рӕстӕгмӕ зӕдтӕй дӕлдӕр ӕвӕрд кӕй ӕрцыди Йесо, уый фӕстӕ та кад ӕмӕ намысӕй схайджын ис. Хуыцау мах Йе стыр хорзӕхы аккаг кӕй скодта, уымӕ гӕсгӕ Уый махӕй алкӕй сӕраппонд дӕр мӕлӕт бавзӕрста.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan