4 Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ Йын загътой: «Ацы ӕдзӕрӕг ран сӕ бафсадыны фаг дзул чи самал кӕндзӕн?»
Паддзахы фӕсдзӕуин афтӕ бакодта: «Ӕниу Дунедарӕг арвы дуӕрттӕ дӕр куы бакӕнид, уӕд уырдыгӕй исты ахӕм ӕрхауид!» Елисей йын загъта: «Дӕхи цӕстӕй сӕ фендзынӕ, фӕлӕ дзы нӕ саходдзынӕ».
Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ Йын загътой: «Уый бӕрц адӕм бафсадыны фаг ам, ӕдзӕрӕг ран, дзултӕ куыд самал кӕнӕм?»
уымӕн ӕмӕ дзулты диссаг дӕр нӕ бамбӕрстой — сӕ зӕрдӕтӕ ныддур сты.
Сӕ хӕдзӕрттӕм сӕ ӕххормагӕй куы ауадзон, уӕд фӕндагыл бастайдзысты, уымӕн ӕмӕ дзы бирӕтӕ дардӕй ӕрбацыдысты».
Йесо сӕ бафарста: «Цал дзулы уӕм ис?» Уыдон Ын загътой: «Авд».