Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Марк 8:36 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

36 Адӕймаг дуне ӕгасӕй дӕр йӕхи куы бакӕна, йӕ уд та куы фесафа, уӕд ын уый цы пайда у?

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Марк 8:36
17 Iomraidhean Croise  

«Йӕхи цармӕн мацы уӕд, уый йеддӕмӕ адӕймаг кӕйфӕнды царм дӕр рауӕлдай кӕндзӕн, — дзуапп радта сайтан Дунедарӕгӕн. — Йӕхи царды сӕраппонд, цыдӕриддӕр ӕм ис, уыдоныл фӕстӕмӕ нӕ фӕхӕцдзӕн.


«Цы пайда ис адӕймагӕй Хуыцауӕн? Ӕмбаргӕ чи у, уый пайда йӕхицӕн хӕссы.


Ме ’Гъдауыл дӕ къух куы ауыгътай, Мӕ ныхӕстӕ Мын куы ницӕмӕ дарыс, уӕд?


Сымах зӕгъут: «Дзӕгъӕлы лӕггад кӕнӕм Хуыцауӕн. Цы пайда нын ис, Йӕ уагӕвӕрдтӕ Йын кӕй ӕххӕст кодтам ӕмӕ Уӕларвӕфсады Бардарӕджы раз хъыггӕнгӕйӕ кӕй цардыстӕм, уымӕй?


Адӕймаг дуне ӕгасӕйдӕр йӕхи куы бакӕна, йӕ уд та куы фесафа, уӕд ын уый цы пайда у? Кӕнӕ йӕм, йӕ уд цӕмӕй балхӕна, ахӕмӕй цы разындзӕни?


Уымӕн ӕмӕ йӕ цард бахъахъхъӕнын кӕй фӕнды, уый йӕ фесафдзӕн; йӕ цард Мӕ сӕраппонд ӕмӕ Фарны Уацы сӕраппонд чи фесафа, уый та йӕ бахъахъхъӕндзӕн.


Кӕнӕ, йӕ уд цӕмӕй балхӕна, ахӕмӕй йӕм цы разындзӕнис?


Адӕймаг ӕгас дуне йӕхи куы бакӕна, йӕхи та куы фесафа кӕнӕ куы фӕсахъат кӕна, уӕд ын уый цы пайда у?


Ӕмӕ уын уый цы ӕрхаста? Ӕмхиц уыдыстут, ныртӕккӕ ӕфсӕрмы кӕмӕй кӕнут ӕмӕ фӕстагмӕ мӕлӕтмӕ чи ӕркӕны, ахӕм митӕм.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan