Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Марк 8:32 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

32 Уыдӕттӕ сын дзырдта ӕргомӕй. Уӕд Ӕй Петр иуварс акодта ӕмӕ Йын уайдзӕфтӕ кӕнын райдыдта.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Марк 8:32
9 Iomraidhean Croise  

Уӕд Ӕй Петр иуварс акодта ӕмӕ Йын уайдзӕф кӕнын райдыдта: «Хуыцау Дӕ бахизӕд уымӕй, Хицау! Уыцы бӕллӕх Дыл ма ӕрцӕуӕд!»


Йесо та бӕлӕгъы кӕрон фынӕй кодта, Йӕ сӕр бӕлӕгъы базыл сӕвӕрдта, афтӕмӕй. Райхъал Ӕй кодтой ӕмӕ Йын загътой: «Ахуыргӕнӕг, сӕфгӕ куы кӕнӕм, уӕд ныл Ды цӕуылнӕ мӕт кӕныс?»


Марфӕйӕн та йӕ мӕт ӕгасӕй дӕр уыди, куыд хуыздӕр Ӕй суазӕг кӕна, ууыл. Бацыди Йесомӕ ӕмӕ Йын загъта: «Бардарӕг, мӕ хо мӕ иунӕгӕй лӕггадгӕнгӕ куыд ныууагъта, уый нӕ уыныс? Зӕгъ-ма йын, ӕмӕ мӕм фынг ӕвӕрынмӕ фӕкӕса».


Уым Ыл иудейӕгтӕ ӕрӕмбырд сты ӕмӕ Йын дзырдтой: «Кӕдмӕ ма нӕ тыхсын кӕндзынӕ? Кӕд Чырысти дӕ, уӕд нын ӕй ӕргом зӕгъ».


Уӕд сын ӕй Йесо комкоммӕ загъта: «Лазыр амард.


Ӕз уын ныронг ӕмбисӕндтӕй дзырдтон. Фӕлӕ афон куы ’рцӕуа, уӕд уын Ӕз фӕсномыгӕй нал дзурдзынӕн, фӕлӕ уын ӕргомӕй Фыды тыххӕй зӕгъдзынӕн.


Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ Йын загътой: «Ныртӕккӕ Ды немӕ дзурыс ӕргомӕй, ӕнӕ фӕсномыг ныхасӕй.


Йесо йын дзуапп радта: «Ӕз ӕргомӕй дзырдтон дунейӕн. Ӕз кӕддӕриддӕр адӕмы ахуыр кодтон синагогӕты ӕмӕ Кувӕндоны, иудейӕгтӕ иууылдӕр кӕм ӕмбырд кӕнынц, уым. Сусӕгӕй та ницы дзырдтон.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan