Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Марк 8:31 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

31 Ӕмӕ сын райдыдта ӕмбарын кӕнын: Адӕймаджы Фырт хъуамӕ бирӕ хъизӕмӕрттӕ бавзара, адӕмы хистӕртӕ, алчертӕ ӕмӕ динамонджытӕй ӕфхӕрд райса, стӕй йӕ амарой ӕмӕ ӕртыккаг бон райгас уа.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Марк 8:31
27 Iomraidhean Croise  

Хынджылӕггаг ӕмӕ мын аллайаг ма фӕкӕн мӕ сӕр, уымӕн ӕмӕ ӕз Дӕ фӕдзӕхстытӕм гӕсгӕ цӕрын.


Адӕм Ӕй ницӕмӕ ӕрдардтой, сӕ чъылдым Ӕм раздӕхтой. Рис ӕмӕ Йыл низтӕ сӕ фӕд ныууагътой. Уӕдӕ Йыл мах дӕр былысчъилтӕ кодтам ӕмӕ Йӕм не ’ргом не раздӕхтам, мисхалы бӕрц дӕр Ын нӕ аргъ кодтам.


Дыууӕ бонмӕ нӕ царды тых бауадздзӕн, ӕртыккаг бон нӕ слӕууын кӕндзӕн нӕ къӕхтыл, ӕмӕ цӕрдзыстӕм Йӕ разы.


Уымӕн ӕмӕ Ионӕ стыр кӕсаджы хуылфы ӕртӕ боны ӕмӕ ӕртӕ ’хсӕвы куыд фӕци, афтӕ Адӕймаджы Фырт дӕр ӕртӕ боны ӕмӕ ӕртӕ ’хсӕвы уыдзӕни зӕххы арфы.


Йесо сын загъта: «Ау, никуы бакастыстут Сыгъдӕг Фысты: „Аразджытӕ цы дурыл нӕ барвӕссыдысты, уый сси фисыны сӕйраг дур. Уый Хуыцау сарӕзта, ӕмӕ уыцы диссаг мах нӕ цӕстӕй уынӕм“?


ӕмӕ йын загътой: «Не ’лдар, нӕ зӕрдыл ӕрлӕууыд, уыцы сайӕгой ма удӕгас куы уыди, уӕд афтӕ кӕй дзырдта: „Ӕртӕ боны фӕстӕ райгас уыдзынӕн“.


Ау, Сыгъдӕг Фысты нӕ бакастыстут, ӕви: „Аразджытӕ цы дурыл нӕ барвӕссыдысты, уый сси фисыны сӕйраг дур.


Фӕлӕ уал раздӕр хъуамӕ бавзара бирӕ хъизӕмӕрттӕ, ӕмӕ Йыл ацы фӕлтӕр йӕхи атигъ кӕна.


Чырысти цӕмӕй Йӕ кады бӕрзӕндмӕ схиза, уый тыххӕй Йын ӕппӕт уыцы хъизӕмӕрттӕ бавзаринаг нӕ уыдысты, ӕви?»


Уый фӕстӕ сын загъта: «Уемӕ ма куы уыдтӕн, уӕд уын Ӕз уымӕн дзырдтон, Моисейы Ӕгъдау, пехуымпарты чингуытӕ ӕмӕ псаломты Мӕн тыххӕй цы загъд ис, ӕппӕт уыдӕттӕ хъуамӕ сӕххӕст уой, зӕгъгӕ».


Мӕныл йӕхи чи тигъ кӕны ӕмӕ Мӕ ныхӕстыл чи не ’ууӕнды, уымӕн ис тӕрхонгӕнӕг: Мӕ ныхас ын тӕрхон кӕндзӕни фӕстаг бон.


Йесо сын дзуапп радта: «Фехалут ацы Кувӕндон, ӕмӕ йӕ Ӕз ӕртӕ бонмӕ сараздзынӕн».


Дӕу махӕн хицау ӕмӕ тӕрхоны лӕгӕй чи сӕвӕрдта, зӕгъгӕ, уыцы ныхӕстимӕ сӕхи кӕуыл атигъ кодтой, уыцы Моисейы ныр Хуыцау рарвыста хицау ӕмӕ тӕрхонгӕнӕгӕй, сындзкъутӕрӕй йӕм цы зӕд раргом ис, уый фӕрцы.


бавӕрдтой Йӕ, ӕмӕ ӕртыккаг бон райгас ис, Фысты куыд загъд ис, афтӕ.


Сымах та абон уӕхи атигъ кодтат уӕ Хуыцауыл, кӕд ӕмӕ уӕ Уый уе ’ппӕт фыдбылызтӕ ӕмӕ хъизӕмӕрттӕй ирвӕзын кӕны, уӕддӕр ӕмӕ Йын загътат: „Сӕвӕр нын паддзах нӕ сӕргъы“. Гъемӕ ныр Дунедарӕджы раз ӕрлӕуут хӕдзарвӕндаггай, мыггаггай».


Дунедарӕг загъта Самуелӕн: «Ратт адӕмӕн, цыдӕриддӕр дӕ курынц, уый: уыдон дӕуыл нӕ, фӕлӕ Мӕныл атигъ кодтой сӕхи, цӕмӕй сын Ӕз мауал кӕнон паддзахиуӕг.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan