29 Йесо сӕ бафарста: «Сымах та Мӕ кӕуыл нымайут?» Петр Ын дзуапп радта: «Ды Чырысти дӕ».
Йесо сын загъта: «Сымахӕн лӕвӕрд у Хуыцауы Паддзахады сусӕгдзинад зонын, уыдонӕн та, ӕддагӕттӕн, ӕппӕт дӕр фӕсномыгӕй амындӕуы,
Йесо сӕ бафарста: «Сымах та Мӕ Чи ӕнхъӕлут?» Петр Ын дзуапп радта: «Хуыцауы Чырысти».
Марфӕ Йын дзуапп радта: «О, Хицау! Мӕн уырны, Ды Чырысти кӕй дӕ, уый — дунемӕ ӕрцӕуинаг Чи у, Хуыцауы уыцы Фырт».
Уыцы сылгоймагӕн та дзырдтой: «Ныр Ыл мах дӕ ныхасмӕ гӕсгӕ не ’ууӕндӕм — нӕхӕдӕг Ӕм байхъуыстам ӕмӕ зонӕм, Уый ӕцӕгдӕр дунейы Ирвӕзынгӕнӕг [Чырысти] кӕй у, уый».
Симон Петр Ын дзуапп радта: «Хицау, кӕмӕ хъуамӕ фӕцӕуӕм? Дӕумӕ куы сты мыггагмӕйы царддӕттӕг ныхӕстӕ.
Мах бауырныдта ӕмӕ базыдтам, Ды Хуыцауы Сыгъдӕг кӕй дӕ, уый».
Сӕ фӕндаг дардтой, афтӕмӕй ӕрбахӕццӕ сты донмӕ. Евнух загъта: «Мӕнӕ — дон, саргъауынӕн мӕ цы къуылымпы кӕны?»
Синагогӕты ӕвӕстиатӕй райдыдта амонын, Йесо Хуыцауы Фырт у, зӕгъгӕ.
Уӕдӕ Уый сымахӕн, уырнджытӕн, хӕзна у, ӕнӕуырнджытӕн та — «аразджытӕ цы дурыл нӕ барвӕссыдысты, уый сси фисыны сӕйраг дур»
Йесо Хуыцауы Фырт кӕй у, ууыл ӕргомӕй чи ӕууӕнды, уый баиу Хуыцауимӕ, ӕмӕ Хуыцау баиу йемӕ.
Йесо Чырысти кӕй у, ууыл чидӕриддӕр ӕууӕнды, уый Хуыцауӕй райгуырд, ӕмӕ, Фыды чидӕриддӕр уарзы, уый Йын уарзы Йӕ хъӕбулты дӕр.