23 Йесо ныххӕцыди куырмы къухыл, ракодта йӕ хъӕуӕй, йӕ цӕстытыл ын батутӕ кодта, Йӕ къухтӕ йыл авӕрдта ӕмӕ йӕ, исты уыны ӕви нӕ, уымӕй бафарста.
Афтӕ уын зӕгъын Ӕз, Дунедарӕг, уе Сфӕлдисӕг, мады гуыбыны уӕ Чи равзӕрын кодта ӕмӕ уын ӕххуыс Чи кӕндзӕни, Уый: ма тӕрсут, Мӕ цагъартӕ, Йаковы байзӕддӕгтӕ, Ме ’взӕрстытӕ — Йешурун!
Цы цот дын рацыд, уыдонӕй ничи ӕрлӕууыд дӕ фарсмӕ, ничи сӕ ныххӕцыд ӕнцойӕфсон дӕ къухыл.
Сӕ фыдӕлты сын, сӕ къухтыл хӕцгӕйӕ, Мысырӕй куы ракодтон, уӕд семӕ кӕй сарӕзтон, ахӕм фидыд нӕ. Кӕд Ӕз сӕ Бардарӕг уыдтӕн, уӕддӕр уыдон уыцы фидыд фехӕлдтой, — зӕгъы Дунедарӕг. —
ӕмӕ Йын балӕгъстӕ кодта: «Мӕ чызг мӕлгӕ кӕны; ӕрцу ӕмӕ йыл Дӕ къухтӕ авӕр, цӕмӕй сдзӕбӕх уа ӕмӕ цӕра».
Йесо йӕ иуварс акодта адӕмӕй, Йе ’нгуылдзтӕ къуырмайы хъусты бавӕрдта, ӕрту кодта ӕмӕ йын бавнӕлдта йе ’взагмӕ.
Уый акаст ӕмӕ загъта: «Уынын адӕмы, цыма бӕлӕстӕ змӕлынц, уыйау».
Йесо йӕ арвыста йӕ хӕдзармӕ ӕмӕ йын ныффӕдзӕхста: «Хъӕумӕ ма бацу [ӕмӕ ацы хабар хъӕуы макӕмӕн радзур]».
Ӕфсӕддон хицау ныххӕцыд лӕппуйы къухыл, фӕхибар ӕй кодта ӕмӕ йӕ бафарста: «Цы зӕгъинаг мын дӕ?»
Савл сыстади зӕххӕй, йӕ цӕстытӕ байгом сты, фӕлӕ ницы уыдта. Уӕд ын ныххӕцыдысты йӕ къухтыл ӕмӕ йӕ ӕрбакодтой Дамаскмӕ.
сӕ фыдӕлты сын, сӕ къухтыл хӕцгӕйӕ, Мысырӕй куы ракодтон, уӕд семӕ кӕй сарӕзтон, ахӕм фидыд нӕ. Уымӕн ӕмӕ уыдон Мӕ уыцы фидыдмӕ гӕсгӕ нӕ цардысты, ӕмӕ сӕ Ӕз ныууагътон, — зӕгъы Хуыцау. —
Ӕз дын зӕгъын: арты чи ссыгъдӕг, ахӕм сыгъзӕрин балхӕн Мӕнӕй ӕмӕ схъӕздыг уай; ноджы ма балхӕн урс дарӕс, скӕн ӕй дӕ уӕлӕ ӕмӕ дӕ бӕгънӕг буары худинӕгтӕ мауал зыной. Цӕмӕй уынай, уый тыххӕй дӕр балхӕн хос Мӕнӕй ӕмӕ дзы дӕ цӕстытӕ байсӕрд.