Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Марк 8:22 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

22 Бахӕццӕ сты Вифсаидӕмӕ. Йесомӕ ӕрбакодтой иу куырмы ӕмӕ Дзы куырдтой, цӕмӕй йыл андзӕва.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Марк 8:22
14 Iomraidhean Croise  

«Сар дӕ сӕр, Хоразин! Сар дӕ сӕр, Вифсаидӕ! Сымах цы диссӕгтӕ федтат, уыдон Тир ӕмӕ Сидоны куы равдыстӕуыдаид, уӕд уымы цӕрджытӕ, сӕ уӕлӕ сӕхъис скӕнгӕйӕ ӕмӕ сӕ сӕртыл фӕнык байзӕргӕйӕ, раджы ӕрфӕсмон кодтаиккой.


ӕмӕ Дзы куырдтой, цӕмӕй сӕ Йӕ дарӕсы хаутыл бандзӕвын уӕд та бауадза, ӕмӕ-иу Ыл чидӕриддӕр бандзӕвыди, уыдон-иу сдзӕбӕх сты.


Йесо йын бавнӕлдта йӕ къухмӕ, ӕмӕ сылгоймагӕн йӕ тӕвд ӕрхауди; сыстад ӕмӕ Йын лӕггад кӕнын райдыдта.


Йесо йӕм Йӕ къух бадаргъ кодта, бандзӕвыд ыл ӕмӕ загъта: «Фӕнды Мӕ. Сдзӕбӕх у». Ӕмӕ уыйадыл уый ссыгъдӕг ис йӕ хъотырӕй.


Уӕд сын бавнӕлдта сӕ цӕстытӕм ӕмӕ загъта: «Уӕдӕ уын уӕ уырнындзинадмӕ гӕсгӕ рардӕуӕд».


Ӕмӕ Йӕм мӕнӕ цыппар лӕджы ӕрбахастой ӕндзыгнизӕй хъыгдарды.


Уымӕн ӕмӕ Уый бирӕты сдзӕбӕх кодта, ӕмӕ Йӕм ныр алыхуызон рынчынтӕ сӕхи ӕппӕрстой, цӕмӕй Йыл андзӕвой.


Уый фӕстӕ Йесо Йӕ ахуыргӕнинӕгты бӕлӕгъы сбадын кодта ӕмӕ сӕ арвыста денджызы иннӕ фарсмӕ, Вифсаидӕмӕ, Йӕхӕдӕг та уал уым баззади, цалынмӕ адӕмы ауадза, уӕдмӕ.


Сар дӕ сӕр, Хоразин! Сар дӕ сӕр, Вифсаидӕ! Уымӕн ӕмӕ, сымахмӕ цы диссӕгтӕ равдыстӕуыд, уыдон Тир ӕмӕ Сидоны куы ӕрцыдаиккой, уӕд уымы цӕрджытӕ, сӕ уӕлӕ сӕхъистӕ скӕнгӕйӕ ӕмӕ фӕнычы сбадгӕйӕ, сӕ тӕригъӕдтыл раджы ӕрфӕсмон кодтаиккой.


Апостолтӕ фӕстӕмӕ куы ӕрбаздӕхтысты, уӕд Йесойӕн радзырдтой, цы сарӕзтой, уыдӕттӕ. Йесо сӕ Йемӕ акодта ӕмӕ иумӕ ацыдысты, Вифсаидӕ, зӕгъгӕ, уыцы сахары ’рдӕм.


Филипп та уыди Вифсаидӕйӕ, Андрей ӕмӕ Петр кӕцӕй уыдысты, уыцы сахарӕй.


Уыдон бацыдысты Филиппмӕ, уымӕн ӕмӕ уый уыди галилейаг Вифсаидӕйӕ, ӕмӕ йӕм бахатыдысты: «Хорз лӕг, кӕд гӕнӕн ис, уӕд мах Йесойы фенын фӕнды».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan