Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Марк 8:17 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

17 Йесо сӕ бамбӕрста ӕмӕ сын загъта: «Цӕмӕн дзурут, дзул уӕм кӕй нӕй, уый тыххӕй? Ау, нырмӕ дӕр ӕй нӕма зонут ӕмӕ не ’мбарут? Нырмӕ дӕр уӕ зӕрдӕтӕ ӕхгӕд сты?

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Марк 8:17
17 Iomraidhean Croise  

О Дунедарӕг, цӕмӕн нӕ бауагътай Дӕ фӕндаджы иувӕрсты ацӕуын? Цӕмӕн ӕруагътай уый, ӕмӕ Дыл нӕ зӕрдӕ сивӕм, мауал Дӕ тӕрсӕм? Ӕркӕс нӕм, Дӕ цагъартӕм, Дӕхи адӕммӕ!


Йӕ фӕдыл рацыди бирӕ адӕм, ӕмӕ се ’ппӕты дӕр сдзӕбӕх кодта,


Нӕ йӕ зонут, адӕймагӕн йӕ дзыхмӕ цыдӕриддӕр бацӕуы, уый гуыбынмӕ кӕй ныфты, стӕй та ӕддӕмӕ кӕй рацӕуы?


Ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ кӕрӕдзийӕн дзырдтой: «Немӕ дзул кӕй нӕ райстам, уый тыххӕй нын афтӕ зӕгъы».


Ӕппынфӕстаг Йесо Йӕ иуӕндӕс ахуыргӕнинагмӕ раргом ис, фынджы уӕлхъус куы бадтысты, уӕд. Ӕмӕ сын бауайдзӕф кодта, уырнындзинад сӕм кӕй нӕ уыд, сӕ зӕрдӕтӕ ӕхгӕд кӕй разындысты ӕмӕ, Йӕ райгасы фӕстӕ Йӕ чи федта, уыдоныл кӕй нӕ баууӕндыдысты, уый тыххӕй.


Йесо сын уайтагъд Йӕ Удӕй базыдта сӕ хъуыдытӕ ӕмӕ сын загъта: «Цӕмӕн афтӕ хъуыды кӕнут?


Йесо сыл тызмӕгӕй Йӕ цӕст ахаста, дурзӕрдӕ кӕй сты, ууыл хъыггӕнгӕйӕ. Ӕмӕ загъта цӕнкуылӕн: «Дӕ къух-ма ӕрбадар». Уый йӕ къух бадардта, ӕмӕ йын адзӕбӕх ис.


уымӕн ӕмӕ дзулты диссаг дӕр нӕ бамбӕрстой — сӕ зӕрдӕтӕ ныддур сты.


Ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ кӕрӕдзийӕн дзырдтой, дзул нӕм кӕй нӕй, уый кой кӕны, зӕгъгӕ.


Уӕд сын Йесо загъта: «О ӕнӕмбаргӕтӕ! Куыд зынтӕй ӕууӕндут, пехуымпартӕ рагуацы хуызы цы загътой, ӕппӕт уыдӕттыл!


Ныр уынӕм: Ды ӕппӕт дӕр зоныс. Ды развӕлгъау фӕзоныс, цӕмӕй Дӕ фӕрсдзысты, уый. Ӕмӕ нӕ уымӕй уырны: Ды Хуыцауӕй ӕрцыдтӕ».


Ӕртыккаг хатт ӕй бафарста: «Иоанны фырт Симон, уарзыс Мӕ?» Ӕмӕ йӕ ӕртыккаг хатт, уарзыс Мӕ, зӕгъгӕ, кӕй бафарста, уый тыххӕй Петр фенкъард ис ӕмӕ Йын дзуапп радта: «Бардарӕг, Ды алцыдӕр зоныс. Ды зоныс, ӕз Дӕ кӕй уарзын, уый». Йесо йын загъта: «Хиз Мын Мӕ фысты.


Йӕ сывӕллӕтты дӕр ын амардзынӕн; уӕд ӕппӕт аргъуантӕ дӕр базондзысты, Ӕз адӕймагӕн йӕ зӕрдӕ ӕмӕ йӕ хъуыдытӕ кӕй уынын, уый, ӕмӕ уӕ алкӕмӕн дӕр кӕй йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ бафиддзынӕн.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan