Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Марк 8:15 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

15 Йесо та сын фӕдзӕхста: «Хъусут, уӕхи хъахъхъӕнут фарисейты, стӕй Ироды ӕнхъизӕнӕй».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Марк 8:15
21 Iomraidhean Croise  

Давид ма ноджыдӕр загъта йӕ фырт Соломонӕн: «Фидар лӕуу ӕмӕ у ӕхсарджын! Араз Кувӕндон! Мацӕмӕй тӕрс, ма асӕттӕд дӕ ныфс, уымӕн ӕмӕ дыл ауды Дунедарӕг Хуыцау, мӕ Хуыцау. Уый дыл Йӕхи нӕ атигъ кӕндзӕн, нӕ дӕ ныууадздзӕн, ӕххуыс дын кӕндзӕни, цалынмӕ Дунедарӕджы хӕдзар арӕзт фӕуа, суанг уӕдмӕ.


Мӕ лӕппу! Зондамындмӕ куынӕ хъусай, уӕд ӕнӕ бацамындӕй фӕдзӕгъӕл уыдзынӕ.


Дунедарӕгӕн ӕнхъизӕнджын хойраджы хуынтӕ ма хӕссут, уымӕн ӕмӕ нӕдӕр ӕнхъизӕнджын хойраг, нӕдӕр мыд Дунедарӕгӕн арты нывондӕн хӕссын ӕмбӕлы.


Уыцы рӕстӕг тетрарх Ирод фехъуыста Йесойы кой,


Хабар та афтӕ уыдис: Ирод ӕрцахста Иоанны йе ’фсымӕр Филиппы ус Иродиадӕйы тыххӕй, рӕхыстӕй йӕ сбаста ӕмӕ йӕ ахӕстоны бакодта.


Фӕлӕ Иродӕн йӕ гуырӕнбон куы уыди, уӕд Иродиадӕйы чызг кафыди уазджыты раз. Ироды зӕрдӕмӕ йӕ кафт афтӕ тынг фӕцыдис,


Йесо сын загъта: «Хъусут, уӕхи хъахъхъӕнут фарисейтӕ ӕмӕ саддукейты ӕнхъизӕнӕй».


Ӕмӕ Йӕм фарисейтӕй ӕмӕ Ироды фарсхӕцджытӕй кӕйдӕрты барвыстой, цӕмӕй Йӕ исты амалӕй ракъахой ӕмӕ Йын Йӕ ныхӕстӕ Йӕхи ныхмӕ фӕкӕной.


Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй семӕ хӕринаг райсын айрох ис; бӕлӕгъы сӕм иу дзул йеддӕмӕ ницы уыд.


Ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ кӕрӕдзийӕн дзырдтой, дзул нӕм кӕй нӕй, уый кой кӕны, зӕгъгӕ.


Загъта ма сын: «Уӕхи хъахъхъӕнут кӕрӕфдзинад уарзынӕй, уымӕн ӕмӕ адӕймаджы цард йӕ бирӕ мулкӕй аразгӕ нӕу».


Хуыцауы, Йесо Чырыстийы ӕмӕ ӕвзӕрст зӕдты раз дӕуӕн фидарӕй фӕдзӕхсын уыцы амындтытӕ ӕххӕст кӕнын; уыимӕ макӕй хъулон кӕн, алкӕмӕ дӕр кӕс иухуызон цӕстӕй.


Алкӕмӕн дӕр цард Чи дӕтты, уыцы Хуыцауы раз, стӕй Понтий Пилатӕн ӕцӕгады тыххӕй ӕргомӕй Чи загъта, уыцы Йесо Чырыстийы раз дын фӕдзӕхсын:


Ӕппӕт уыдӕттӕ зӕрдыл лӕууын кӕн ӕмӕ Хуыцауы раз фидарӕй фӕдзӕхс, цӕмӕй ӕнӕпайда быцӕу ныхас ма цӕуа — уыцы быцӕутӕ ӕрмӕстдӕр зиан ӕрхӕссынц, чи сӕм хъусы, уыдонӕн.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan