13 Уыйадыл сӕ ныууагъта, фӕстӕмӕ бӕлӕгъмӕ бахызт ӕмӕ араст ис денджызы иннӕ фарсмӕ.
Адӕмӕй, пехуымпартӕй кӕнӕ сауджынтӕй дӕ исчи куы фӕрса, Дунедарӕг цавӕр рагуац рарвыста, зӕгъгӕ, уӕд-иу сын зӕгъ: Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Уӕхӕдӕг уӕхицӕн рагуацтӕ систут, Ӕз уӕ ныууагътон».
Гуымирытыл баст у Ефрем — йӕхи уагыл ӕй уадз!
Сабитӕ куы схӕссой, уӕд дӕр сын се ’ппӕты дӕр байсдзынӕн. Додой сӕ къона, Ӕз сыл Мӕхи куы атигъ кӕнон, уӕд!
Ныууадзут сӕ, уыдон сты куырмыты куырм фӕтӕгтӕ. Ӕмӕ куырм куырмы куы хона, уӕд дыууӕйӕ дӕр дзыхъхъы ныххаудзысты».
Уаз цы у, уый куыйтӕн ма ӕппарут ӕмӕ уӕ дзындзытӕ хуыты размӕ ма калут, науӕд сӕ хуытӕ сӕ къӕхты бын ныссӕнддзысты, куыйтӕ та уыл сӕхи ныццӕвдзысты ӕмӕ уӕ аскъуыдтӕ кӕндзысты.
Йесо арф ныуулӕфыдис ӕмӕ загъта: «Ацы фӕлтӕр ӕвдисӕйнаг цӕмӕн домы? Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: ацы фӕлтӕр ницы ӕвдисӕйнаг фендзӕни».
Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй семӕ хӕринаг райсын айрох ис; бӕлӕгъы сӕм иу дзул йеддӕмӕ ницы уыд.
Уӕд Герасины алфамбылай цӕрджытӕ иууылдӕр стыр тасы бацыдысты ӕмӕ Йесойӕ куырдтой, цӕмӕй уырдыгӕй ацӕуа. Йесо бӕлӕгъмӕ бахызт ӕмӕ фӕстӕмӕ аздӕхти.
Цалынмӕ рухс уемӕ ис, уӕдмӕ ӕууӕндут рухсыл, цӕмӕй суат рухсы хъӕбултӕ». Уыцы ныхӕсты фӕстӕ Йесо ацыд ӕмӕ фӕаууон ис.
Ӕмӕ та сын Йесо ногӕй загъта: «Ӕз цӕугӕ кӕнын. Агурдзыстут ма Мӕ, фӕлӕ уӕ тӕригъӕды амӕлдзыстут. Ӕз кӕдӕм цӕуын, сымахӕн уырдӕм бацӕуын уӕ бон нӕ бауыдзӕн».
Фӕлӕ уыдон йӕ ныхмӕ кӕй уыдысты ӕмӕ йӕ кӕй фаудтой, уымӕ гӕсгӕ Павел ацагъта йӕ дарӕсы рыг ӕмӕ сын загъта: «Уе сӕфт уӕхи тыххӕй ӕрцӕудзӕн, ӕз сыгъдӕг дӕн ӕмӕ ныр муртаттӕгтӕм цӕуын».
Мах сбадтыстӕм адрамитаг науыл ӕмӕ араст стӕм. Нау йӕ фӕндагыл хъуамӕ баздӕхтаид Азийы наулӕууӕнтӕм. Немӕ уыдис македойнаг Аристарх, Фессалоникӕйы сахарӕй.