11 Ӕрбацыдысты фарисейтӕ ӕмӕ Йемӕ быцӕу кӕнын райдыдтой. Йӕ бафӕлварыны тыххӕй Дзы домдтой, уӕларвӕй нын ӕвдисӕйнаг равдис, зӕгъгӕ.
ӕмӕ уайдзӕфты бын фӕкодтой Моисейы, домдтой дзы: «Ӕри нын дон! Дойны нын у». Моисей сын афтӕ: «Цы мын уайдзӕфтӕ кӕнут? Цӕмӕн фӕлварут Дунедарӕджы?»
Уыцы бынат та схуындӕуыди Масса ӕмӕ Мерива, уымӕн ӕмӕ уыцы ран израилӕгтӕ Дунедарӕгӕн уайдзӕфтӕ кодтой ӕмӕ Йӕ фӕлвӕрдтой, Дунедарӕг немӕ ис ӕви нӕ, зӕгъгӕ, кӕй дзырдтой, уымӕй.
Ӕмӕ ныр, сӕрбӕрзондӕй чи цӕуы, уыдоны мах амондджын хонӕм, фыдгӕнджытӕ махӕй хуыздӕр цӕрынц. Ӕмӕ, кӕд Дунедарӕджы ракъахынц, уӕддӕр сӕм фыдбылыз ӕввахс нӕ цӕуы».
Уӕд динамонджытӕ ӕмӕ фарисейтӕй чидӕртӕ Йесойӕн загътой: «Ахуыргӕнӕг, исты ӕвдисӕйнаг нын куы фенын кӕнис, уый нӕ фӕнды».
Уӕд ӕм фарисейтӕ бацыдысты ӕмӕ Йӕ бафӕлварыны тыххӕй бафарстой: «Цыфӕнды азымы тыххӕй дӕр лӕгӕн йӕ усы ауадзын ӕмбӕлы?»
Йесо Кувӕндоны адӕмы куы ахуыр кодта, уӕд Ӕм бацыдысты алчертӕ ӕмӕ адӕмы хистӕртӕ ӕмӕ Йӕ бафарстой: «Ды ӕппӕт уыдӕттӕ цавӕр хъаруйӕ кӕныс? Ахӕм бар Дын чи радта?»
Уӕд фарисейтӕ ацыдысты ӕмӕ уынаффӕ кодтой, Йесойы исты ныхасӕй куыд ӕрцахсой, уый фӕдыл.
Фӕлӕ сын Йесо бамбӕрста сӕ фыдвӕнд ӕмӕ загъта: «Дыдзӕсгӕмттӕ, цы Мӕ фӕлварут?
Уыцы бон Йесомӕ ӕрбацыдысты саддукейтӕ, — уыдон дзурынц, мӕрдтӕ нӕ райгас уыдзысты, зӕгъгӕ, — ӕмӕ Йӕ бафарстой:
Йесо сын зыдта сӕ дыдзӕсгомдзинад ӕмӕ загъта: «Цы Мӕ фӕлварут? Рахӕссут-ма Мӕм динар, ӕмӕ йӕм ӕркӕсон».
Динамонджытӕ ӕмӕ фарисейтӕ Йесойы тӕригъӕдджынтӕ ӕмӕ хъалонисджытимӕ иу фынгыл бадгӕ куы федтой, уӕд Ын Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загътой: «Уый хъалонисджытӕ ӕмӕ тӕригъӕдджынтимӕ куыд хӕры?»
Йесо сӕ бафарста: «Цӕуыл у уӕ быцӕу?»
Уӕд иу динамонӕг сыстад ӕмӕ Йесойы бафӕлварыны тыххӕй загъта: «Ахуыргӕнӕг, мыггагмӕйы цард райсынӕн мӕ цы бакӕнын хъӕуы?»
Иннӕтӕ та Дзы Йӕ бафӕлварыны тыххӕй уӕларвӕй ӕвдисӕйнаг равдисын домдтой.
Йесо йын загъта: «Сымах ӕнӕ ӕвдисӕйнӕгтӕ ӕмӕ диссӕгтӕ ницӕуыл баууӕнддзыстут».
Уӕд Ын загътой: «Цавӕр диссаг нын равдисдзынӕ, цӕмӕй Дыл, уый фенгӕйӕ, баууӕндӕм? Цы саразын у Дӕ бон?
Хицӕуттӕй кӕнӕ Йыл фарисейтӕй исчи баууӕндыди, мыййаг?
Афтӕ Йӕ барӕй фарстой, цӕмӕй исты зӕгъа ӕмӕ Йӕ фӕзылынджын кӕной. Фӕлӕ Йесо ӕргуыбыр кодта ӕмӕ Йе ’нгуылдзӕй зӕххыл цыдӕртӕ фыста.
Петр ын загъта: «Бардарӕджы Уды бафӕлварын сфӕнд кодтат?! Дӕ мойы дын чи баныгӕдта, уыдон фӕстӕмӕ ӕрбацӕуынц ӕмӕ ныртӕккӕ дӕу дӕр ахӕсдзысты».
Ма фӕлварӕм Чырыстийы, уыдонӕй Йӕ бирӕтӕ куыд фӕлвӕрдтой, афтӕ. Уый тыххӕй кӕлмыты хӕстӕй фӕцагъды сты.
Ма фӕлварут Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, Массайы йӕ куыд фӕлвӕрдтат, афтӕ.