Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Марк 7:5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

5 Фарисейтӕ ӕмӕ динамонджытӕ Йесойы бафарстой: «Дӕ ахуыргӕнинӕгтӕ фыдӕлты ӕгъдау цӕмӕн халынц, ӕнӕсыгъдӕг къухтӕй цӕмӕн хӕрынц?»

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Марк 7:5
12 Iomraidhean Croise  

«Дӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕмӕн халынц фыдӕлты ӕгъдау? Хӕрыныл ӕрбадынц, сӕ къухтӕ нӕ цӕхсгӕйӕ».


Афтӕмӕй Хуыцауы ныхас ивут уӕхи ӕвӕрд ӕгъдауӕй ӕмӕ ма ноджы бирӕ ӕндӕр ахӕм митӕ кӕнут».


Сымах ныууагътат Хуыцауы фӕдзӕхст, адӕймаджы ӕрхъуыдыгонд ӕгъдӕуттыл та фидар хӕцут».


Ноджы ма сын загъта: «Уӕхи ӕгъдау ӕххӕст кӕныны тыххӕй Хуыцауы фӕдзӕхст аивынмӕ дӕсны стут.


Дӕу тыххӕй сын радзырдтой, зӕгъгӕ, муртаттӕгты ӕхсӕн чи цӕры, уыцы иудейӕгты ды се ’ппӕты дӕр ахуыр кӕныс Моисейы Ӕгъдау ныууадзыныл, сӕ сывӕллӕттӕн сунӕт нӕ кӕныныл ӕмӕ не ’гъдӕуттӕм гӕсгӕ нӕ цӕрыныл.


Акӕн сӕ ӕмӕ дӕхи ссыгъдӕг кӕн семӕ, сӕ хӕрдзтӕ сын дӕхимӕ райс. Уыдон адасдзысты сӕ сӕртӕ, ӕмӕ иууылдӕр фендзысты, дӕу тыххӕй цы фехъуыстой, уый ӕцӕг кӕй нӕу, ды дӕхӕдӕг дӕр Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ кӕй цӕрыс.


Стӕй сунӕтгӕндтӕй дӕр сӕ фыдӕл сси, йӕ фӕдыл чи цыди ӕмӕ, нӕ фыдӕл Авраам йӕ сунӕты размӕ куыд ӕууӕндыди Хуыцауыл, афтӕ Йыл чи ӕууӕндыди, ӕрмӕст уыдонӕн.


Иудейаг диныл мӕхи хъарынӕй ӕз мӕ бирӕ дзуттаг ӕмгӕрттӕн фӕдӕн сӕ разӕй, ӕгӕр ӕнувыдӕй ӕххӕст кодтон мӕ фыдӕлты ӕгъдӕуттӕ.


Фӕлӕ мах куыд хъусӕм, афтӕмӕй сымахӕй иуӕй-иутӕ сты магусатӕ, ницы аразынц, фӕлӕ сӕхи тъыссынц кӕйдӕр хъуыддӕгты.


Нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы номӕй уын фӕдзӕхсын, ӕфсымӕртӕ, мах сӕм цы ӕцӕгад ӕрхастам, уымӕ гӕсгӕ чи нӕ цӕры ӕмӕ магуса чи у, ахӕм ӕфсымӕртимӕ уын иумӕйагӕй мацы уӕд.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan