Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Марк 7:36 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

36 Уӕд сын Йесо бафӕдзӕхста, цӕмӕй уыцы хабар макӕмӕн радзурой. Фӕлӕ сын цас тынгдӕр фӕдзӕхста, уыйас ӕй тынгдӕр айхъуысын кодтой.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Марк 7:36
8 Iomraidhean Croise  

Йесо йын загъта: «Хъусыс, ацы хабар макӕмӕн радзур, фӕлӕ ацу, дӕхи фенын кӕн сауджынӕн ӕмӕ, Моисей куыд бафӕдзӕхста, афтӕ ӕрхӕсс нывонд — кӕй сдзӕбӕх дӕ, уымӕн ӕвдисӕйнагӕн».


Фӕлӕ сын Йесо тызмӕгӕй, Чи у, уый дзурыны бар нӕ лӕвӕрдта.


Йесо сын тынг ныффӕдзӕхста, ацы хабар мачи базонӕд, зӕгъгӕ. Стӕй ма сын загъта, цӕмӕй чызгӕн исты бахӕрын кӕной.


Уыйадыл къуырмайы хъустӕ байгом сты, йе ’взаг феуӕгъд ис, ӕмӕ райдыдта сыгъдӕг дзурын.


Адӕмы дисӕн кӕрон нал уыд, ӕмӕ дзырдтой: «Хорз кӕны алцы дӕр: къуырматӕн дӕр байгом кӕны сӕ хъустӕ, къуыттыты дӕр сдзурын кӕны».


Йесо йӕ арвыста йӕ хӕдзармӕ ӕмӕ йын ныффӕдзӕхста: «Хъӕумӕ ма бацу [ӕмӕ ацы хабар хъӕуы макӕмӕн радзур]».


Хохӕй куы ’рцӕйцыдысты, уӕд сын Йесо бафӕдзӕхста, цӕмӕй, цы федтой, уый, цалынмӕ Адӕймаджы Фырт мӕрдтӕй райгас уа, уӕдмӕ макӕмӕн радзурой.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan