Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Марк 7:3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

3 Фарисейтӕ та, ӕппӕт иудейӕгтау, фыдӕлты ӕгъдауыл хӕст сты ӕмӕ, цалынмӕ бӕлвырд фӕткмӕ гӕсгӕ сӕ къухтӕ цӕхсой, уӕдмӕ нӕ хӕрынц.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Марк 7:3
10 Iomraidhean Croise  

Афтӕмӕй Хуыцауы ныхас ивут уӕхи ӕвӕрд ӕгъдауӕй ӕмӕ ма ноджы бирӕ ӕндӕр ахӕм митӕ кӕнут».


Фарисейтӕ ӕмӕ динамонджытӕ Йесойы бафарстой: «Дӕ ахуыргӕнинӕгтӕ фыдӕлты ӕгъдау цӕмӕн халынц, ӕнӕсыгъдӕг къухтӕй цӕмӕн хӕрынц?»


Хӕрды размӕ Йӕ къухтӕ кӕй нӕ цӕхсадта, уый фарисей куы федта, уӕд бадис кодта.


Иудейаг ӕгъдаумӕ гӕсгӕ, уым хи цӕхсынӕн лӕууыди, фӕйнӕ дыууӕ-ӕртӕ метреты бӕрц кӕм цыди, ахӕм дурӕйконд ӕхсӕз донгарзы.


Иудейаг диныл мӕхи хъарынӕй ӕз мӕ бирӕ дзуттаг ӕмгӕрттӕн фӕдӕн сӕ разӕй, ӕгӕр ӕнувыдӕй ӕххӕст кодтон мӕ фыдӕлты ӕгъдӕуттӕ.


Уӕхи хъахъхъӕнут, цӕмӕй уӕ мачи асайа ӕнӕпайда ӕмӕ гӕдыбыд ахуырӕдтӕй. Уыдонӕн сӕ бындур Чырысти нӕу, фӕлӕ дунейы ӕгъдӕуттӕ ӕмӕ адӕмы таурӕгътӕ.


Уымӕн ӕмӕ сымах зонут: уӕ фыдӕлтӕй уын цы ницӕйаг цард баззад, уымӕй уӕ балхӕдӕуыди, рӕстӕг кӕй бахӕрдзӕн, ахӕм ӕвзист кӕнӕ сыгъзӕринӕй нӕ,


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan