29 Уӕд ын Йесо загъта: «Ахӕм дзуаппы фӕстӕ цу, дӕлимон рацыди дӕ чызгӕй».
Ӕз Мӕхи къухӕй сфӕлдыстон алцы, афтӕмӕй фӕзындысты ӕппӕт уыдӕттӕ! — зӕгъы Дунедарӕг. — Састзӕрдӕ ӕмӕ сӕрныллӕг, Мӕ ныхасмӕ тӕрсгӕ-ризгӕйӕ чи хъусы, уый Мын у адджын.
Тӕхудиаг сты, Хуыцауы сӕраппонд мӕгуыр чи у, — Уӕларвон Паддзахад уыдоны у.
Сылгоймаг Ын дзуапп радта: «О, Хицау, фӕлӕ куыйтӕ дӕр, сывӕллӕттӕй цы муртӕ ӕрхауы, уыдон фынджы бын ахӕрынц».
Сылгоймаг йӕ хӕдзармӕ куы ӕрбацыд, уӕд йӕ хъӕбулы баййӕфта хуыссӕны хуысгӕйӕ, дӕлимон ӕй ныууагъта.
Тӕригъӕды чи ӕфты, уый хӕйрӕгӕй у, уымӕн ӕмӕ райдианӕй хӕйрӕг у тӕригъӕды ӕфтыд. Ӕмӕ Хуыцауы Фырт дӕр уый тыххӕй фӕзынди, цӕмӕй хӕйрӕджы хъуыддӕгтӕ фехала.