Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Марк 7:27 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

27 Фӕлӕ йын Йесо загъта: «Раздӕр уал хъуамӕ сывӕллӕттӕ бафсӕдой. Сывӕллӕтты разӕй къӕбӕр райс ӕмӕ йӕ куыйтӕн аппар, уый хорз нӕу».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Марк 7:27
8 Iomraidhean Croise  

Уыцы дыууадӕсы Йесо арвыста ахӕм фӕдзӕхстимӕ: «Ма бацӕут нӕдӕр муртаттӕгтӕм, нӕдӕр искӕцы самариаг сахармӕ,


Уаз цы у, уый куыйтӕн ма ӕппарут ӕмӕ уӕ дзындзытӕ хуыты размӕ ма калут, науӕд сӕ хуытӕ сӕ къӕхты бын ныссӕнддзысты, куыйтӕ та уыл сӕхи ныццӕвдзысты ӕмӕ уӕ аскъуыдтӕ кӕндзысты.


Уыцы сылгоймаг уыди Сириаг Финикийӕ, муртаттаг. Ӕмӕ Йесойӕн лӕгъстӕ кодта, мӕ чызджы мын дӕлимоны ахӕстӕй суӕгъд кӕн, зӕгъгӕ.


Сылгоймаг Ын дзуапп радта: «О, Хицау, фӕлӕ куыйтӕ дӕр, сывӕллӕттӕй цы муртӕ ӕрхауы, уыдон фынджы бын ахӕрынц».


Бардарӕг мын загъта: „Ацу, уымӕн ӕмӕ дӕ Ӕз дардмӕ, муртаттӕгтӕм, арвитдзынӕн“».


Зӕгъын уын, Хуыцау Йӕ дзырд кӕй нӕ сайы, уый равдисыны тыххӕй Чырысти сунӕтгӕндтӕн сси лӕггадгӕнӕг, цӕмӕй сӕххӕст кӕна, Хуыцау сын сӕ рагфыдӕлтӕн зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый


Уӕды заман сымах цардыстут ӕнӕ Чырыстийӕ, ӕндӕрбӕстаг уыдыстут, израилаг адӕмӕн — ӕцӕгӕлон. Хуыцау Йӕ адӕмӕн зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уыдонмӕ сымах ницы бар дардтат. Сымах а дунейы цардыстут ӕнӕ ныфс ӕмӕ ӕнӕ Хуыцауӕй.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan