26 Уыцы сылгоймаг уыди Сириаг Финикийӕ, муртаттаг. Ӕмӕ Йесойӕн лӕгъстӕ кодта, мӕ чызджы мын дӕлимоны ахӕстӕй суӕгъд кӕн, зӕгъгӕ.
Уыдон ӕрбацӕудзысты дунейы алы кӕрӕттӕй: дард скӕсӕнӕй, цӕгатӕй, ныгуылӕнӕй — денджызы ’рдыгӕй ӕмӕ хуссарӕй — Синимы зӕххӕй».
Уым Йӕ размӕ рацыди уырдыгон ханаанаг сылгоймаг ӕмӕ Йӕм хъӕр кодта: «Батӕригъӕд мын кӕн, Бардарӕг, Давиды Фырт! Мӕ чызг хӕйрӕджджын сси, ӕмӕ йӕ удхарӕй марынц».
Йӕ кой айхъуыст ӕгас Сирийыл, ӕмӕ Йӕм хастой, алы низтӕ кӕй бадомдтой, ахӕмты: хӕйрӕджджынты, суртӕгӕнджыты, ӕндзыгнизӕй хъыгдӕрдты, ӕмӕ сӕ Йесо дзӕбӕх кодта.
Йесойы ӕрбацыды кой уайтагъд фехъуыста, йӕ чызг хӕйрӕджы ахӕсты кӕмӕн уыд, иу ахӕм сылгоймаг. Уый ӕрбацыд ӕмӕ Йӕ къӕхтӕм ӕрӕппӕрста йӕхи.
Фӕлӕ йын Йесо загъта: «Раздӕр уал хъуамӕ сывӕллӕттӕ бафсӕдой. Сывӕллӕтты разӕй къӕбӕр райс ӕмӕ йӕ куыйтӕн аппар, уый хорз нӕу».
Ныр нал ис нӕдӕр иудейаг, нӕдӕр муртаттаг, нӕдӕр цагъар, нӕдӕр сӕрибар, нӕдӕр нӕлгоймаг, нӕдӕр сылгоймаг, уымӕн ӕмӕ уе ’ппӕт дӕр баиу стут Йесо Чырыстиимӕ иудзинады фӕрцы.
Ныр муртаттаг уай, иудейаг уай, сунӕтгонд уай, ӕнӕсунӕтгонд уай, талынг адӕмтӕй уай, скиф уай, цагъар уай, сӕрибар уай — уӕлдай нал у. Ӕппӕт дӕр у Чырысти, алкӕй зӕрдӕйы дӕр Уый цӕры.