Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Марк 7:24 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

24 Йесо уырдыгӕй ацыди Тиры зӕхмӕ. Уым иу хӕдзармӕ бацыд; фӕндыди Йӕ, уым ис, уый куы ничи базыдтаид, фӕлӕ уӕддӕр нӕ басусӕг ис.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Марк 7:24
19 Iomraidhean Croise  

Ханааны байзӕддӕгтӕ: йӕ хистӕр — Сидон, уый кӕстӕр — Хет,


сӕ зӕххытӕ Сидонӕй Герары ’рдӕм ӕххӕссыдысты Газӕйы онг, Содом, Гоморрӕ, Адма ӕмӕ Цевоимы ’рдӕм та — Лешайы онг.


Зевулон! Ӕввахс ӕрцӕрдзӕни фурдмӕ, ӕмӕ йӕ бӕстӕ наулӕууӕн суыдзӕн. Йӕ арӕнтӕ ӕххӕсдзысты Сидонмӕ.


Уый загъта: «Ныр дӕ цины хъӕр нал райхъуысдзӕн, чи фегад ис, уыцы чызг, Сидоны чызг! Киттимы ’рдӕм адар дӕ фӕндаг! Ӕцӕг, уым дӕр не ссардзынӕ ӕнцой».


Быцӕу ӕмӕ хъӕр нӕ кӕндзӕн, уынгты Йын Йӕ хъӕлӕс нӕ фехъусдзысты.


Адӕймаджы фырт! Зӕгъ Тиры хицауӕн: «Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: ды дӕхиуыл фервӕссыдтӕ ӕмӕ загътай: „Ӕз хуыцау дӕн ӕмӕ бадын хуыцауы бадӕны, фурды астӕу“. Афтӕмӕй, Хуыцау нӕ, фӕлӕ адӕймаг уӕвгӕйӕ, дӕ зонд Хуыцауы зонды ӕмвӕз ӕвӕрыс.


«Сар дӕ сӕр, Хоразин! Сар дӕ сӕр, Вифсаидӕ! Сымах цы диссӕгтӕ федтат, уыдон Тир ӕмӕ Сидоны куы равдыстӕуыдаид, уӕд уымы цӕрджытӕ, сӕ уӕлӕ сӕхъис скӕнгӕйӕ ӕмӕ сӕ сӕртыл фӕнык байзӕргӕйӕ, раджы ӕрфӕсмон кодтаиккой.


Хӕдзармӕ куы бахӕццӕ ис, уӕд Ӕм уыцы дыууӕ куырмы бацыдысты, ӕмӕ сӕ Йесо бафарста: «Мӕ бон уӕ сдзӕбӕх кӕнын кӕй у, уый уӕ уырны?» Уыдон Ын загътой: «О, Хицау!»


Цалдӕр боны фӕстӕ Йесо ӕрбаздӕхти Капернауммӕ. Хӕдзары кӕй ис, уый адӕмыл айхъуысти.


Уыцы ӕвзӕрдзинӕдтӕ иууылдӕр зӕрдӕйӕ рацӕуынц ӕмӕ уыдон фӕчъизи кӕнынц адӕймаджы».


Йесойы ӕрбацыды кой уайтагъд фехъуыста, йӕ чызг хӕйрӕджы ахӕсты кӕмӕн уыд, иу ахӕм сылгоймаг. Уый ӕрбацыд ӕмӕ Йӕ къӕхтӕм ӕрӕппӕрста йӕхи.


Тирӕй фӕстӕмӕ здӕхгӕйӕ, Йесо йӕ фӕндаг акодта Сидоныл ӕмӕ Дӕссахары уылты рахызти Галилейаг денджызы былмӕ.


Афтӕ бӕлвырд сты хорз хъуыддӕгтӕ дӕр, фӕлӕ, кӕд бӕлвырд не сты, уӕд дӕр нӕ басусӕг уыдзысты.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan