22 бинойнагыл сайдӕй цӕуын; кӕрӕф, фыдӕх, мӕнгарддзинад, хъахбайдзинад, хахуыр, хирвӕссондзинад, ӕдылы митӕ.
Езекиайы зӕххыл цы диссаджы хабар ӕрцыд, уый бӕлвырддӕр базоныны тыххӕй йӕм Вавилоны ӕлдӕрттӕ минӕвӕрттӕ барвыстой. Ӕмӕ йӕ уӕд Дунедарӕг ныууагъта, цӕмӕй йӕ бафӕлвара ӕмӕ йын йӕ зӕрдӕйы ахаст раргом кӕна.
Дунедарӕг — Йӕ уаз Кувӕндоны, Дунедарӕг — Йӕ паддзахы бадӕны уӕлӕрвты! Йӕ цӕст дары адӕммӕ, фӕлвары сӕ Йӕ цӕстӕнгас.
Зондджын йӕ зонынад ӕмбӕхсы, зондцух та йе ’дылыдзинад равдисы.
Лӕппу фыдуаг митыл куы сагъуыйы, уӕд, цӕмӕй йе ’дылы зонд ныууадза, уый тыххӕй йӕ уисӕй нӕмын хъӕуы.
Чъынды лӕгимӕ иу фынгыл ма бад, йӕ дзаджджын хӕринӕгтӕм ын ма хӕлӕг кӕн, уымӕн ӕмӕ йӕ зӕрдӕ у гуыдырӕй ӕхгӕд. Зӕгъдзӕн дын: «Хӕр ӕмӕ нуаз», йӕ хъуыдытӕ та ӕндӕр уыдзысты.
Ӕдылыйы фӕндтӕ — тӕригъӕдджын, ӕдзӕсгомыл адӕм ӕлгъ кӕнынц.
Ӕдылыйы нӕмгуытимӕ фӕхты куы фӕхойай, уӕд дӕр дзы йе ’дылы зонд нӕ фӕхицӕн уыдзӕн.
Фыд зыд хъӕздыгдзинадмӕ тагъд кӕны, йӕ фӕдыл гӕвз кӕй цӕуы, уый нӕ зоны.
Мӕ зонды фӕрцы архайдтон басгарын: зӕххыл цытӕ цӕуы, уыдон цавӕр барӕнтӕй ис абарӕн, ӕдылыдзинад цас ӕвзӕр у, ӕррадзинад цӕйбӕрц у ӕнӕзонд.
Дунедарӕгыл нӕ зӕрдӕ сивтам, мӕнг ныхӕстӕ дзырдтам, нӕ Хуыцауы фӕдыл цӕуын нӕ разы кодтам; гадзрахатмӕ, ӕгъатыр митӕм сидтыстӕм, мысыдыстӕм, хъусын кодтам мӕнгдзинад.
Дугъы фӕцӕйуайынц фыдбылыз аразынмӕ, ӕназым туг ныккалынмӕ. Сӕ сагъӕстӕ, сӕ фӕндтӕ сты ӕнаккаг — бастигъын, ныппырх кӕнын.
Адӕймаджы зӕрдӕйӕ мӕнгарддӕр нӕй, нӕй йын срастгӕнӕн! Чи йӕ базондзӕн?
Мӕн цы у, ууыл мӕ бар нӕ цӕуы? Ӕви мын рӕдау уӕвын дӕ цӕст нӕ уарзы?“
Фӕлӕ дӕ цӕст хӕрамӕй талынг куы уа, уӕд дӕ буар иууылдӕр талынг уыдзӕн. Уӕдӕ дӕ мидӕг цы рухс ис, уый талынг кӕд у, уӕд ма талынг та цавӕр у, цымӕ!
Уымӕн ӕмӕ адӕймагӕн йӕ зӕрдӕйӕ цӕуынц фыдвӕндтӕ — давын, марын,
Уыцы ӕвзӕрдзинӕдтӕ иууылдӕр зӕрдӕйӕ рацӕуынц ӕмӕ уыдон фӕчъизи кӕнынц адӕймаджы».
Хуыцауы базоныны фӕндагыл цы цӕлхдуртӕ сӕвӕрдӕуыд, уыдон фӕнык фестын кӕнӕм ӕмӕ уацары райсӕм алы хъуыды дӕр, цӕмӕй йӕ Чырысти басӕтта.
Ӕвдӕм аз, хӕстӕ барыны аз, ӕрбахӕццӕ кӕны, зӕгъгӕ, уӕд ӕнаккаг хъуыды ма бахъуызӕд дӕ зӕрдӕмӕ ӕмӕ дӕ мӕгуыр ӕфсымӕрыл дӕхи ма атигъ кӕн: йӕ дзыназын Дунедарӕгмӕ фехъуысдзӕн, ӕмӕ тӕригъӕды бацӕудзынӕ.
Хъал цардыл ахуыр чи уыди, уыцы уӕздан лӕг бирӕгъы каст кӕндзӕни йе ’фсымӕрмӕ, йӕ бинойнагмӕ, ӕгас ма йын чи уа, уыцы хъӕбултӕм.
Йӕ фыр буцӕй ӕмӕ йӕ фыр хъалӕй зӕххыл дӕр чи нал хӕцыд, уыцы сылгоймаг бирӕгъы каст кӕндзӕни йӕ моймӕ, йӕ лӕппу ӕмӕ йӕ чызгмӕ;
Уымӕн ӕмӕ Хуыцауы афтӕ фӕнды, цӕмӕй уӕ хорз хъуыддӕгтӕй кӕрон сӕвӕрат ӕнӕзонд адӕмы ӕнӕфенд ныхӕстӕн.
Сымах дӕр, кӕстӕртӕ, кӕсут хистӕрты коммӕ. Уырнджытӕ, уе ’ппӕт дӕр кӕрӕдзийы раз ут сӕрныллӕг, уымӕн ӕмӕ «Хуыцау сӕрыстыртӕн сӕ ныхмӕ у, сӕрныллӕджытӕн та хорзӕх дӕтты».