Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Марк 7:20 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

20 Ноджы ма загъта: «Зӕрдӕйӕ цы рацӕуы, уый фӕчъизи кӕны адӕймаджы.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Марк 7:20
12 Iomraidhean Croise  

Мӕ уд, цы ныхъхъуыстай дӕхимӕ, цӕуыл у дӕ сагъӕс? Хуыцауыл дӕ зӕрдӕ дар: ӕз Ӕй нырма стаудзынӕн — мӕ Ирвӕзынгӕнӕджы, мӕ Хуыцауы.


Додойаг сты, фыдвӕндтӕ чи кӕны, хуыссӕны дӕр фыдбылызтӕ чи мысы ӕмӕ, боныцъӕхтӕ нӕма ралӕууынц, афтӕмӕй сӕ хъаруйы фӕрцы фыдракӕндтӕ чи аразы, уыдон!


Фӕлӕ дзыхӕй цы рацӕуы, уый та йӕ зӕрдӕйӕ рацӕуы, ӕмӕ уый чъизи кӕны адӕймаджы.


Йесо йын дзуапп радта: «Фыст ис: „Айдагъ дзулӕй нӕ цӕры адӕймаг, фӕлӕ Хуыцауы дзыхӕй рацӕугӕ алы дзырдӕй дӕр“».


Адӕймагӕн йӕ хуылфмӕ ӕддейӕ цы бацӕуы, уый йӕ нӕ фӕчъизи кӕны, фӕлӕ дзы ӕддӕмӕ цы рацӕуы, уый.


Уымӕн ӕмӕ адӕймагӕн йӕ зӕрдӕйӕ цӕуынц фыдвӕндтӕ — давын, марын,


Уыцы ӕвзӕрдзинӕдтӕ иууылдӕр зӕрдӕйӕ рацӕуынц ӕмӕ уыдон фӕчъизи кӕнынц адӕймаджы».


Мелхиседек та Левийы хӕдзарвӕндагӕй нӕ уыди, фӕлӕ райста дӕсӕймаг хай Авраамӕй — Хуыцау зӕрдӕ кӕмӕн бавӕрдта, уымӕй — ӕмӕ йыл арфӕ бафтыдта.


Ӕвзаг дӕр у зынг, фыдбылызы дунейы ӕнгӕс. Ӕвзаг нӕ буары иннӕ уӕнгты ӕхсӕн ахӕм у, ӕмӕ фӕчъизи кӕны ӕгас буар дӕр, арт бафтауы не ’ппӕт цардыл, йӕхӕдӕг та зындоны артӕй ссудзы.


Сымахмӕ фыдӕх ӕмӕ хъаугъатӕ кӕцӕй ис? Уӕ мидӕг кӕрӕдзиимӕ цы монцтӕ тох кӕнынц, уыдон сӕ нӕ расайынц, ӕви?


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan